филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
13 мая 2025, 10:36
Цæгат Ирыстоны йæ тæмæны ис спаржæ æмбырд кæныны рæстæг

Бæстæйы стырдæр плантацийыл тыллæг афтæ тагъд цæттæ кæны, æмæ йæ æмбырд кæнын хъæуы бон цалдæр хатты

50 гектарæй фылдæр, дæсгай хуызтæ æмæ сæдæгай тоннæйы тыллæг. Цæгат Ирыстоны йæ тæмæны ис спаржæ æмбырд кæныны рæстæг. Бæстæйы стырдæр плантацийыл тыллæг афтæ тагъд цæттæ кæны, æмæ йæ æмбырд кæнын хъæуы бон цалдæр хатты. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

2018-æм азæй ацы куыст спаржæ æмбырд кæныны бригады хицау Икъоты Лианæ иттæг хорз базыдта. Судзгæ хуры бын плантацийы рæнхъытыл сæрæн уайы, бæлвырд æвзары рæгъæд спаржæ. Тагъд, æмæ уыимæ æнæ къуылымпыйæ кусын, у йæ сæйраг нысан.

Ацы культурæ хъарм рæстæг куы уа, уæд тагъддæр рæгъæд кæны, ныллæг температурæ куы уа, уæд та – сындæгдæр. Хатгай тæвд бонты спаржæ афтæ тагъд сцæттæ вæййы, æмæ йæ æмбырд кæнын фæхъæуы бон 2 хатты.

Тæрхæджытæм бахауыны размæ, тыллæг ацæуы цæттæ кæныны цалдæр къæпхæны. Æнæмæнг æй ныхсынц, уый фæстæ йæ сæрмагонд уавæрты æруазал кæнынц. Цех æххæст у нырыккон ифтонггæрзтæй. Лини у автоматизацигонд, спаржæ æвзары 17 бæрæггæнæнмæ гæсгæ.

Цæттæ продукци дарынц уазалгæнæнты. Куыстуаты сты 2. Алкæцыйыдæр температурæ рæстæмбис вæййы 4 градусы онг, уæлдæфы уымæлад та – 90 проценты онг. Ацы культурæ Уæрæсейы парахатдæр кæны. Цæгат Ирыстоны плантаци бæстæйы у æппæтæй стырдæр. Абон ам зайын кæнынц спаржæйы цалдæр хуызы.

Спаржæ у бирæазон культурæ. Раст уавæрты йæ бон тыллæг дæттын у 15 азы онг. Республикæйы йæхи хорз æнкъары. Куыстуат архайын куы райдыдта, уæд байтыдтой эксперименталон хай. Хатдзæгтæ агрономты дисы бафтыдтой.

Ацы аз 55 гектары плантацийæ фæнд кæнынц сисын тыллæг 250 тоннæйæ фылдæр. Спаржæ у пайдайаг культурæ, хъæздыг у витаминтæй, микро- æмæ макроэлементтæй. Æмбырд кæныны рæстæг куы фæуа, уæд агрономтæн къаддæр куыст нæ уыдзæн. Цæст дардзысты культурæмæ, хъахъхъæндзысты йæ зианхæсджытæй æмæ низтæй, цæмæй иннæ аз тыллæг уа ноджы хуыздæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania