18 июня 2025, 10:39
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд фыццаг æппæтадæмон фестиваль-хореографион аивады конкурс «Зауырбег»
Цæгат Кавказы хуыздæр кафæн коллективтæ акодтой хъаматимæ кафт, æмæ афтæмæй архайдтой ацы дæсныйады хуыздæры ном райсыныл
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд фыццаг æппæтадæмон фестиваль-хореографион аивады конкурс «Зауырбег». Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион паддзахадон театры сценæйы Цæгат Кавказы хуыздæр кафæн коллективтæ акодтой хъаматимæ кафт, æмæ афтæмæй архайдтой ацы дæсныйады хуыздæры ном райсыныл. Фестивалы уыди æртæ призон бынаты. Нæ республикæйы кад хъахъхъæдта адæмты Хæлардзинады ордены номхæссæг Паддзахадон Академион ансамбль «Алан». Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ фестиваль баст у курдиатджын кафæг, балетмейстер æмæ хореограф Битарты Зауырбеджы номимæ. Уый уыд фыццаг адæймаг, профессионалон сценæйы хъаматимæ кафт чи акодта, ахæм.
темæмæ гæсгæ




