Йæ саразыныл бакуыста Цæгат Кавказы хæххон æмæ хæхтæм хæстæг хъæууон хæдзарады наукон иртасæн институт
Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуккаг наукон центры, Михайловскæйы арæзт æрцыд æртыккаг традицион æрвылазон равдыст «Быдыры Бон». Йæ саразыныл бакуыста Цæгат Кавказы хæххон æмæ хæхтæм хæстæг хъæууон хæдзарады наукон иртасæн институт. Бацæттæ кодта халсарты культурæты дæнцæгтæ æмæ мæнæуы алыхуызон селекцитæ. Уыдон æрзайын кодтой хи фæлварæн быдырты. Экспозицийы уæлдай бынат ахсынц хоры культурæтæ æмæ картоф. Уымæй дарддæр бацæттæ кодтой, паддзахадон фæлварæнтæн кæй æрзайын кодтой, ахæм хоры мыггæгтæ. Равдыст – семинары архайдтой молекулярон-генетикон иртæстыты Лабораторийы кусджытæ. Равдыстой ног перспективон гибридтæ. Бакуыстой сыл æрыгон ахуыргæндтæ. Программæ æххæст кæнгæйæ, ма уыд семинар, æмæ дзы æрныхас кодтой халсарты культурæты, мыггæгты нырыккон тенденцитыл, стæй селекцион технологиты рæзтыл.




