16 сентября 2025, 10:36
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыди валер кæсаг парахат кæныны фарстаты фæдыл наукон-практикон семинар
Архайдтой дзы Уæрæсейы алы рæттæй дæсгай адæймæгтæ
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыди валер кæсаг парахат кæныны фарстаты фæдыл наукон-практикон семинар. Архайдтой дзы Уæрæсейы алы рæттæй дæсгай адæймæгтæ. Ныхас дзы цыди кæсаджы куыст кæныны æппæ мадзæлттыл дæр. Холлæгты нырыккон хуызтæ, кæсаг дарыны куысты юридикон хъуыддæгтæ, хæдзарады нырыккон кусæнгæрзтæ. Фæстаг цалдæр азмæ республикæйы фæзынд валергæсаг парахат кæныны бирæ куыстуæттæ. Афæдзмæ валер кæсаджы фæлхасад сырæзт 7 мин тонны онг. Продукци адæм агурынц куыд Ирыстоны, афтæ æндæр рæтты дæр. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, гæнæн ис æмæ регион ацы къабазы бæстæйы бацахса раззагдæр бынæттæй иу.
темæмæ гæсгæ




