филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 суббота, 06 декабря 2025
04 ноября 2025, 10:07
Арæзт æрцыди  «Агростартап»-ы гранттæ дæттыны фарстаты фæдыл къамисы 1-аг æмбырд

Ацы ахадгæ æххуыс у райдайгæ амалхъом адæмæн хъæууон хæдзарады къабазы рæзтæн

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады арæзт æрцыди  «Агростартап»-ы гранттæ дæттыны фарстаты фæдыл къамисы 1-аг æмбырд. Ацы ахадгæ æххуыс у райдайгæ амалхъом адæмæн хъæууон хæдзарады къабазы рæзтæн.  Грант лæвæрд цæуы уыцы иу хатт, конкурсон къамисы хатдзæгтæм гæсгæ. Ацы аз балæвæрдтой 120 проекты, уыдонæй конкурсон æвзæрстытæ ацæудзысты 50. Министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сæ курдиæттæ чи балæвæрдта, уыдоны хсæн ис сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ. Уыдоны хъуыддагмæ æркæсынц раздæр. Гранты æппынкъаддæр бæрц милуан æмæ рдæг, æппæты фылдæр – 7 милуаны. Проект сæххæст кæнынæн лæвæрд цæуы 18 мæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania