филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:29 суббота, 31 января 2026
20 ноября 2025, 10:33
Икъаты Рустам сабибонтæй уарзта зайæгойтæм æмæ цæрæгойтæм зилын

Пенсийы рацæугæйæ сфæнд кодта, йæ цард уарзон хъуыддагимæ сбæттын

Икъаты Рустам сабибонтæй уарзта зайæгойтæм æмæ цæрæгойтæм зилын. Пенсийы рацæугæйæ сфæнд кодта, йæ цард уарзон хъуыддагимæ сбæттын. Фермеры скъола йын баххуыс кодта ацы фарста профессионалон æгъдауæй сæххæст кæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы кæрчытæ, уасджытæ, бабызтæ æмæ цицыртæ хуымæтæджы афтæ зыдхæрд нæ кæнынц холлаг: æрмæст хæрзад нæу, фæлæ ма пайдайаг. Икъаты Рустам лæмбынæг зилы йæ базырджын хæлæрттæм, хойраг сын йæхæдæг цæттæ кæны. Йæ хыгъды сты нартхор, хъæбæрхор, мæнæу, æхсынæнтæ, сойæ, мел. Икъаты Рустам куыд зæгъы, афтæмæй мæргътæн холладжы сæйрагдæр у – баланс.

Фермерон хъуыддаджы хи бафæлварын уыд хуыздæр фæнд, зæгъы Икъаты Рустам. Сабибонтæй йæм уыд хъæууон хæдзарадмæ цымыдисдзинад, цардис хъæуы, уыдта йæ хиуæттæ æмæ зонгæтæ цæрæгойтæм, мæргътæм æмæ зайæгойтæм куыд зылдысты дыргъдæтты æмæ цæхæрадæтты, уый. Икъаты Рустам каст фæцис Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты юридикон факультет, 2013-æм азы та службæмæ бацыд Мидхъуыддæгты министрадмæ. Уым фæкуыста 13 азы бæрц. Пенсимæ рацæугæйæ сфæнд кодта, йæ цард уарзон хъуыддагимæ сбæттын.

Аграрон хъуыддаджы бындуртимæ зонгæ кæнын ын æххуыс кæны «фермеры скъола»-йы ахуырад. Ныр 2 мæйы Икъаты Рустам вæййы ахуырты æмæ исы бирæ ног, хъæугæ информаци дæсныйады райрæзтæн. Ныртæккæ дары 200 маргъы онг, фидæны та фæнд кæны йæ архайд фæуæрæхдæр кæнын.

«Фермеры скъола» у хъæууон хæдзарады министрады, хъæууонхæдзарадон банчы æмæ аграрон уæлдæр ахуыргæнæндæтты иумæйаг проект. Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы æртыккаг хатт Хæххон паддзахадон аграрон университеты. Ахуырад цæуы профессионалон цæттæдзинады 2 программæмæ гæсгæ: «Фермерон хæдзарад скæнын» æмæ «Фермерон кæсагдарынад». Ацы скъолайы ахуыр кæнын у алкæйы бон дæр.

Алы хъуыддаг дæр хъæуы кæронмæ хæццæ кæнын, зæгъы Икъаты Рустам. Дарддæр исдзæн зонындзинæдтæ æмæ сæ пайда кæндзæн, цалынмæ размæ æвæрд нысантæ æххæстгонд не рцæуой, уæдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania