филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
24 февраля 2026, 10:44
Республикæйы æнтыстджынæй кусы дронты скъола. Архайы ДОСААФ-ы бындурыл

Цæттæ дзы кæнынц хъæууон хæдзарады ног фæлтæры специалистты

Республикæйы æнтыстджынæй кусы дронты скъола. Архайы ДОСААФ-ы бындурыл. Цæттæ дзы кæнынц хъæууон хæдзарады ног фæлтæры специалистты. Ахуыр сæ кæнынц æнæпилотон тæхæн аппараттимæ кусыныл. Уæвгæ, дронты скъолайы рауагъдонтæн сæ бон у сæ зонындзинæдтæй æрмæст хъæууон хæдзарады нæ, фæлæ æндæр къабæзты дæр пайда кæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Павел Сумцов у Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы 4-æм курсы студент. Сабибонтæй йын цымыдисаг уыд авиаци. Æнæпилотон тæхæн апараттимæ архайыны фыццаг зонындзинæдтæ райста «Кванториум»-ы, ныр йæ хоббийæ уайы дæсныйад. Павел у æппæтуæрæсеон турниры уæлахиздзау. Куыд зæгъы, афтæмæй гыццыл дронтимæ архайын ахуыр у. Агроднонтæ спортивон æмæ ахуырадон модельтæй хицæн кæнынц.

Практикон ахуыртæ цæуынц быдырон уавæрты – Цраумæ хæстæг. Ам студенттæ ахуыр кæнынц æнæпилотон тæхæн аппараттимæ кусыныл. Дрон стæхын кæныны размæ оператор бæлвырд кæны йæ техникон уавæр, нымайы траектори æмæ нысан кæнын бæрæггæнæнтæ. Инструктортæ куыд зæгъынц, афтæмæй аппараттимæ куыст домы æрмæст техникон зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма агротехнологиты æмбарынад дæр.

Экспертты фидарæй уырны, ахæм технологитæ сты хъæууон хæдзарады фидæн. Дронтæй пайда кæнын уæлдай актуалон у хæххон æмæ зын бахæццæ уæвын кæдæм у, ахæм территоритæн. Инструктортæ æвдисынц, роботизацигонд агродронты фæрцы быдыртыл бакусын æнтыстджындæрæй къухы кæй æфты, уый. Технологи дæтты, æрдзыл химикатты ахадындзинад фæкъаддæр кæныны фадат.  Дронты скъола кусы ДОСААФ-ы бындурыл, цæттæ кæны ног фæлтæры специалистты. Ныридæгæн ахуырад ацыдысты 200 адæймагæй фылдæр.

Дронты скъолайы рауагъдонтæн сæ бон у сæ зонындзинæдтæй æрмæст хъæууон хæдзарады нæ, фæлæ æндæр къабæзты дæр пайда кæнын. Ахæм специалистты ахадындзинад бонæй-бонмæ рæзы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania