филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:31 вторник, 25 августа 2026
25 августа 2026, 10:27
Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей Дзæуджыхъæуы хъæуы цалцæг кæнын

Уавæр зындгонд у республикæйы культурæйы министрадæн

Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей Дзæуджыхъæуы хъæуы цалцæг кæнын. Уавæр зындгонд у республикæйы культурæйы министрадæн. Гуыдиаты Батраз æрæджы бабæрæг кодта объект. Министр куыд загъта, уымæ гæсгæ ацы азы кæронмæ цалцæгггонд æрцæудзæн хæдзары æддаг къул. Бæстондæр хабæрттæ радзуырдзæн Чехойты Фатимæ.

Дзабраты Миланæ Хетæгкаты Къостайы нывты тыххæй англисаг æвзагæй дзуры Дзæуджыхъæу фыццаг хат чи бабæрæг кодта, уыцы къарейаг лæппу Сун Хойæн. Фæсарæйнаг туристы горæтимæ æмæ Ирыстоны цæрджытимæ зонгæ кæнын райдыдта поэты мемориалон хæдзар-музейæ. Ам фенæн ис Къостайы нывты 12 къопийы.

Мемориалон хæдзары дуæрттæ гом сты æдзух: музей рагæй у фембæлдтыты, литературон изæрты æмæ экскурситы бынат. Уалдзæджы æмæ сæрды та ардæм æрбацæуынц туристтæ бæстæйы алы рæттæй, стæй фæсарæнтæй. Уыдонæн цымыдисаг вæййынц поэты царды хабæрттæ, дис фæкæнынц йе сфæлдыстадон куыстытыл. Фæлæ сæ Михайловты 2-уæладзыгон хæдзар, культурон цыртдзæвæн уæвгæйæ, 20-æм æнусы райдиан Къоста кæм цард, уый суазæг кæны хъуына къултимæ æмæ цары скъудтытимæ. Хæдзар-музейы сæргълæууæг Атарты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ, бындурон цалцæг бæстыхайы никуы уыдис.

10 азы размæ ивд æрцыд бæстыхайы сæр. Уæлæнгай цалцæг скодтой бацæуæн æмæ экспозицитæ кæм æвæрд сты, уыцы  агъуыстытæ. Хæдзары æддаг къул, рагон рудзгуытæ, дуæрттæ æмæ пъолтæ домынц реставраци.

 Мемориалон хæдзармæ бацæуæн ис Ботойты уынгæй дæр. Уымæй пайда кодта Къоста, йæ уæттæм бацæуыны тыххæй, фæлæ ныртæккæ у æхгæд. Музейы кусджыты фæндтæй иу – ацы бацæуæн байгом кæнын, йæ дуар ын реставраци скæнын, стæй ма кусджытæн хицæн бæстыхай самайын. Рацаразын хъæуы цæхæрадон  дæр.

Æрæджы мемориалон хæдзар бабæрæг кодта республикæйы культурæйы министр. Музейы уавæр зындгонд у Хицауадæн, загъта Гуыдиаты Батраз.

 Хорз уаид, Къостайы мемориалон хæдзар-музей скъоладзауты æмæ студентты, стæй республикæй цæрджыты æмæ уазджыты уарзон бынат куы суаид. Цæмæй экспозицитæ кæм вæййынц, уыцы агъуыстытæ, алфамблай территори, цæхæрадон – хæдзар иууылдæр уа,  цы гений дзы цардис, уый курдиаты аккаг. Цæмæй хæдзар-музей дисы *фтауа, куыд æмбæлы, афтæ аргъгонд ын цæуа, цæмæй дзы Ирыстоны цæрджытæ сæ сæртæ бæрзонд хæссой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania