филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:15 среда, 01 мая 2024
26 января 2024, 11:24
Абон камерон театр ШКИТы уыдзæн спектакль «Медея»-йы премьерæ

Жан Ануйы пьесæ аивадуарзджыты размæ рахæсдзæн мæскуыйаг режиссер Муриты Алыксандр

Абон камерон театр ШКИТы Къостайы проспекты уыдзæн спектакль «Медея»-йы премьерæ. Жан Ануйы пьесæ аивадуарзджыты размæ рахæсдзæн мæскуыйаг режиссер Муриты Алыксандр. Сæвæрдта йæ гиперреализмы жанры. Спекталь у тыхджын сылгоймаджы уæззау хъысмæты тыххæй. Таурæгъы рагон энерги хаст æрцыд нырыккон, æмбаргæ æвзагмæ. Спектаклы архайынц Теблойты Лейлæ, Гæджиты Мæдинæ, Кокуаты Андрей, Хæтæгты Артур, Цхуырбаты Руслан-Габе. Пластикæйыл бакуыста Засеты Батраз. Уæвгæ, театралон равдыстытæй фæстæмæ ма ШКИТы архайы киноклуб дæр. Алы майрæмбон дæр дзы æвдыст фæцæуынц цымыдисаг европæйаг кинонывтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania