филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:09 воскресенье, 05 мая 2024
02 мая 2023, 12:18
Абон зындгонд дирижер, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Гергиты Валерий бæрæг кæны йе 70 азы юбилей

Кæд йæхæдæг  райгуырд Мæскуыйы, уæддæр йæ ныййарджытæ сты Ирыстонæй, æмæ стыр аргъ кæны йæ къабæзтæ

Абон зындгонд дирижер, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Гергиты Валерий бæрæг кæны йе 70 азы юбилей. Кæд йæхæдæг  райгуырд Мæскуыйы, уæддæр йæ ныййарджытæ сты Ирыстонæй, æмæ стыр аргъ кæны йæ къабæзтæн.  Ном ыл сæвæрдтой тæхæг-фæлварæг  Валерий Чкаловы кадæн. Валерийы фыд Абысал хæсты рæстæг разамынд лæвæрдта  сæрмагонд батальонæн. Хъыгагæн, йæ фырты кадджын номæн æвдисæн суæвын ын нал бантыст, йæ цардæй ахицæн Валерийыл 13 азы куы цыд, уæд. Сывæллæтты схъомыл кодта сæ мад Лагкуты Тамарæ.  Валерийæн ма ис дыууæ хойы. Уыдон дæр æмхиц сты сфæлдыстадмæ.  Валерий музыкалон скъоламæ бацыд 7 аздзыдæй. Лæппу кæд футболмæ хуыздæр цæстæй касти, уæддæр æй  Тамарæ музыкæйыл бабаста. Сси скъолайы хуыздæр ахуырдзау.  Йæ дæсныйады фыццаг æнтыстдзинадыл сæмбæлд 1976-æм азы, Ленинграды  консерваторийы студент уæвгæйæ. Уæд уæлахиздзау сси Мæскуйы Æппæтцæдисон, стæй  Берлины  дирижæрты егъау конкурсты. 80-йæм азты, Гергиты Валерий Мариинанг театры аивадон разамонæджы бынаты нысангонд куы рцыд, уæд ног комулæфт бауагъта зындгонд коллективы сфæлдыстадон гæнæнтæм, уыимæ йын фæфидардæр кодта йе ппæтдунеон ном. Маэстро æмгуыстад кæны дунейы хуыздæр  оркестртимæ, йæ концерттæ æрæмбырд кæнынц милуангай адæмты. Гергиты Валерийы фæрцы уæрæсейаг классикон музыкæйæн аргъгæнджытæ фехъуыстой, бирæ азтæ адæмы размæ хаст чи нæ цыд, ахæм уацмыстæ.  Йæ егъаудæр проектæй ма иу у – Цыппурсы фестиваль. Арæзт цæуы 2002-æм азæй фæстæмæ. Гергиты Валерийы сфæлдыстадон куыст бæрæггонд æрцыд бирæ, алы æмæвæзады хæрзиуджытæй. Фæлæ йæ стырдæр лæварыл та нымайы йæ бинонты. У æртæ хъæбулы фæзминаг фыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania