филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:27 вторник, 21 мая 2024
17 июня 2019, 12:00
Æхсæнадон-политикон журнал «Литературная Кабардино-Балкария»-йы мыхуыры рацыдысты нæ ирон литературæйы æрыгон авторты уацмыстæ

Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон республикон библиотекæйы уыд ацы журналы презентаци.

Æрæджы Кæсæг–Балхъары фысджыты Цæдисы литературон-аивадон, æхсæнадон-политикон журнал «Литературная Кабардино-Балкария»-йы мыхуыры рацыдысты нæ ирон литературæйы жанрты: прозæ, поэзийы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы æрыгон авторты уацмыстæ. Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон республикон библиотекæйы уыд ацы журналы презентаци. Хуынд æм æрцыдысты сыхаг æмæ нæхи республикæйы фысджыты Цæдисты минæвæрттæ. Уацмысты циклмæ бæлвырд разныхас ныффыста филологон наукæты кандидат, чиныгуадзæн «Ир»-ы сæйраг редактор Тъехты Тамерлан. Кæсæг-Балхъары литературæуарзджытæ базонгæ сты, ирон литературæйы сомбон кæмæй аразгæ у, уыцы æрыгон фысджытæй æмæ поэттæй Баситы Зæлинæйы, Касаты Аслæнбеджы, Габолаты Зауырбеджы, Хозиты Эльвирæйы, Бестауты Аланæйы æмæ Гаситы Аминæйы уацмыстимæ. Журнал «Литературон Кæсæг-Балхъары»-ы цы авторты уацмыстæ рацыд, уыдон уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта Национ наукон библиотекæйы хайады сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Наталья Куличенко. Библиотекæмæ æрбацæуджыты зæрдæтæ йæ аивадæй барухс кодта Цæгат Ирыстоны национ инструментты оркестры аивадон разамонæг Ходы Олег.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania