филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:49 понедельник, 06 мая 2024
16 ноября 2021, 12:16
Æнæзивæгæй архайынц фæззыгæндтæ æфснайыныл

Ацы аз зæхкусджытæ разы сты сæ тыллæджы æрзадæй

Æнæзивæгæй архайынц фæззыгæндтæ æфснайыныл. Ацы аз зæхкусджытæ разы сты сæ тыллæджы æрзадæй. Ныр та сæйрагдæр у, мит цалынмæ нæма æруарыд, уæдмæ йæ бафснайын. Не сфæлдыстадон къорд федта Æрæфы районы зæхкусджыты архайд. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Сызгъæрин фæззæг – æрдзы хæзна. Цæгат Ирыстоны районты зæхкусджытæ бавнæлдтой сæ фæззыгæндтæ æфснайынмæ. Ныртæккæ уал разы сты  сæ бæркадæй. Æрæфы районы хуымзæххыты фылдæр хайы сагъд ис нартхор. Æмæ кæд тыллæджы æрзад фылдæр аразгæ у боныхъæдæй, уæддæр зæхкусджытæ сæ зæрдæ дардтой бæркадджын фæззæгыл.

Æрæфы районы хъæууон хæдзарады управленийы сæйраг агроном Махъоты Алик куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, рæстæг куыд равдыста, афтæмæй Æрæфы районы нартхоры ацы хуыз хуыздæр зайы. Æмæ йæ  байтыдтой  æппæт зæхкусджытæ дæр.

Нырыккон гæнæнты фæрцы, нартхор фæстæдæрмæ бафснайын, зын хъуыддаг нæу. Цыколайы цы 6 нартхор хусгæнæны ис, уыдоны йæ бахус кæнынц æмæ  йын бамбыйынæй тæссаг нал вæййы.

Уæвгæ Æрæфы районы зæххы куыст кæны 150 хæдзарадмæ хæстæг. Се ппæт дæр архайынц афойнадыл сæ бæркад сисыныл æмæ дзы районы хъæуты цæрджыты  дæр фæхайджын кæныныл.

Алы зæхкусæг дæр фæбæллы бæркадджын фæззæгмæ, æмæ Æрæфы районы  зæхкусджытæ разы сты  сæ æрзад тыллæгæй, ныр тагъд кæнынц йæ бафснайынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania