23 мая 2023, 11:14
Æппæтадæмон акцимæ Мæздæджы бæстæзонæн музейы бацæттæ кодтой равдыст «История в историях»
Ацы аз экспозицийы бындур систы 19-æм æнусы рæстæгæй Мæздæджы сæргълæууæг Согомон Аладатовы цардвæндагæй ист æрмæджытæ
Æппæтадæмон акцимæ Мæздæджы бæстæзонæн музейы бацæттæ кодтой равдыст «История в историях». Ацы аз экспозицийы бындур систы 19-æм æнусы рæстæгæй Мæздæджы сæргълæууæг Согомон Аладатовы цардвæндагæй ист æрмæджытæ. Равдыстмæ хаст æрцыдысты 100 æмæ уымæй фылдæр азтæ кæуыл цæуы, ахæм хæдзары дзаумæттæ. Хъæздыг коллекци сæмбырд районы цæрджыты æххуысæй. Мæздæджы истори бахъахъхъæнын кæй фæнды, ахæм адæмы руаджы музейы экспозици кæны хъæздыгдæр. Хорз традици систы музейы цур импровизацигонд сценæйы районы сфæлдыстадон къордты концерттæ.