филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:02 среда, 22 мая 2024
08 ноября 2022, 11:27
Æрæфы районы йæ тæмæны бацыдысты хъæууонхæдзарадон куыстытæ

Аграритæ ныртæккæ æфснайынц нартхор

Æрæфы районы йæ тæмæны бацыдысты хъæууонхæдзарадон куыстытæ. Аграритæ ныртæккæ æфснайынц нартхор. Хъæуы йæ уазæлттæм фæуын. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ районы нартхор байтыдтой 10000 гектары.  Бынаты кусынц техникæйы 15 мащинæйы. Хъæууон хæдзарады Управленийы специалистты ныхæстæм гæсгæ, ацы аз, фаронимæ абаргæйæ, у къаддæр. Йæ аххосаг – хор æрæгмæ кæй ныссагътой, уый. Сезоны райдиан санкциты аххосæй мыггæгтæ æрæгмæдæр райстой. Нартхор ам у сæйрагдæр культурæ. Бацахста районы æппæт хъæууонхæдзарадон фæзуæттæ. Быдыртæ æххæстæй бафснайын нысан кæнынц ацы мæйы кæронмæ. Чысыл фæлладуадзæн рæстæджы фæстæ, аграрон кусджытæ райдайдзысты уалдзыгон быдырон куыстытæм цæттæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania