филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:23 среда, 22 мая 2024
27 июня 2023, 11:36
Æрыдоны Хъороты бинонтæ ныр 4 азы кæнынц джитърийы куыст

Сæвæрдтой йæ гранты фæрæзты фæрцы

Æрыдоны Хъороты бинонтæ ныр 4 азы кæнынц джитърийы куыст. Дарынц хъæрмуат. Сæвæрдтой йæ гранты фæрæзты фæрцы. Фæлæ æрмæст уыдоны хардзæй нæ, бахастой хи фæрæзтæ дæр. Районы хъæууон хæдзарады управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй хъæрмуаты куыст у ахадгæ. Уæвгæ, ахæм объекттæ районы ис 2.

Хъороты Эльбрус лæмбынæг æвзары, æртонын афон цы джитъритæн у, уый. Цæмæй сыхаг зайæгойтæ ма бахъыгдара, уый тыххæй пайда кæны хæсгардæй. Ацы куыст æрвылбон æххæст кæны.

Хъæрмуаты зайын кæнынц хуыз «Эстафета». Нымад у зын дардыл, фæлæ уыимæ æппæтæй хæрзаддæрыл æмæ зынаргъдæрыл. Хъæуы йын 20 градусы хъарм. Гæнæн ис, æмæ бафæраза, уымæй æрмæст цалдæр градусы фылдæр кæнæ къаддæрæн, науæд тыллæг фесæфдзæн.

Æдзухдæр цæст дарын хъæуы, цæмæй джитъритыл дуар гомæй дымгæ ма сæмбæла, уымæ дæр. Хъæрмуат æххæст у донæй æртæхгай æфсадыны системæйæ дæр. Йæ фæрцы алы зайæгоймæ дæр цас хъæуы, уыйбæрц дон хæццæ кæны.

Зæринæ: «Алы уидагмæ дæр йæхимæ цæуы дон хицæнæй. Тынг æнцон кусæн у афтæмæй. – Бон цал хатты æфсадут? – Райсомæй, сихорæй, æмæ куы фæхъæуы, уæд ма изæрæй дæр радтæм, фæлæ æгæр æрæгмæ нæ. Уымæн æмæ æгæр бирæ дон дæр хорз нæу».

Ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæны тыллæгисæн рæстæг. Афæдзы дæргъы ам халсартæ ныссадзынц 2 хатты.

Хъороты Эльбрус: «Нæмыгæй йæ ныппарæм, æмæ уæдæй джитъри дæттын куы райдайы, ууыл рацæуы 2 мæйы. Уый хорз бонтæ куы уа, уæд. Æвзæр бонтæ куы ракæна, уæд, гæнæн ис, æмæ иууылдæр фесæфа». + Тыллæг куы сисæм, уæд бынат æфснайд æрцæудзæн, цæмæй дзы мацы баззайа, æмæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм, цалынмæ сæрды кæрон æрхæццæ уа, æмæ ног азмæ цæмæй халсар сцæттæ уа.

Хъæрмуат бинонтæ сæвæрдтой 4 азы размæ. Эльбрусы бинойнаг Зæринæ балæвæрдта гæххæттытæ грант райсынмæ. Конкурсон æвзæрст ацæугæйæ, йын радих кодтой паддзахадон æххуыс 900 мин сомы. Уый бæрц хи фæрæзтæ ма бахастой бинонтæ æмæ сæвæрдтой хъæрмуат. Уæдæй фæстæмæ иумæйагæй фæллой кæнынц ам.

Хъороты Эльбрус: – Чи кусы ацы хъæрмуаты? – Хæдзары бинонтæ, кæстæр æфсымæртæ, мæ фыд, бинонтыдзагæй чии ч, уыдон иууылдæр. Алкæмæндæр йæхи хæс ацы бынаты. Алчидæр йæ куыст кæны, æмæ уый руаджы нæ халсартæ цæрынц. Райсомæй сихоры онг сæм зилæм, уый фæстæ уыйбæрц куыст нал вæййы. Хурæфсæст сæ æнæмæнг хъæуы, науæд бæркад дæр нæ вæййы уыйбæрц æмæ рынчынтæ дæр фæкæнынц.

Хъæрмуат сæвæрдтой хи цæхæрадоны. Йæ фæзуат у 400 квадратон метры. Сæ халсартæ бинонтæ уæй кæнынц республикæйы. Тыллæгисæн рæстæг хъæрмуаты бонмæ сæмбырд кæнынц джитъритæ 30-æй 70 килограммы онг. Эльбрус куыд зæгъы, афтæмæй цы фæрæзтæ бакусынц, уыдон бинонтæ дарыны фаг кæнынц.

Бинонты фæндты ма ис дыккаг хъæрмуат дæр сæвæрын, фæлæ ныртæккæ сæ фадæттæ нæ амонынц. Уæвгæ, та фидæны сæ бон уыдзæн бафæлварын паддзахадон æххуыс райсын.

Хъуылаты Аслан,Æрыдоны районы администрацийы хъæууон хæдзарады управленийы сæйраг агроном: «Мæнæ амæн йæ рæстæг куы фæуа. 5 азмæ хъуамæ сæхæхст кæной сæ хæс, стæй та дарддæр сæ бон уыдзæн радтын сæ гæххæттытæ дыккаг хатт. Гæххæттытæ лæвæрд цæуынц хъæууон хæдзарады министрадмæ. Уым ис конкурсон къамис. Æркæсынц уыцы гæххæттытæм. Кæмæн спълан вæййынц сæ гæххæттытæ, уыдонæн радтынц гранттæ».

Æдæппæтæй Æрыдоны районы ахæм хъæрмуаттæ ис 2. Хъæууон хæдзарады управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй сæ архайд ахадгæ у. Æххæст кæнынц хæрзад халсартæй, стæй дæттынц куысты бынæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania