07 декабря 2022, 11:37
Æрыдоны культурæйы галуаны ацыд регионты хсæн фестиваль «Хъазахъхъаг намыс»
Бацархайдтой дзы нæ республикæйы районтæй 10 ансамблы, стæй Кæсæг–Балхъарæй æмæ Стъараполы крайæ
Æрыдоны культурæйы галуаны ацыд регионты хсæн фестиваль «Хъазахъхъаг намыс». Бацархайдтой дзы нæ республикæйы районтæй 10 ансамблы, стæй Кæсæг–Балхъарæй æмæ Стъараполы крайæ. Фестиваль арæзт у хъазахъхъаг культурæ бахъахъхъæныны æмæ йæ райрæзты тыххæй. Мадзал сарæзыныл бакуыстой Æрыдоны культурæйы галуан æмæ республикæйы хæлардзинады хæдзар. Баххуыс ын кодта Цæгат Ирыстоны национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министрад.