филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:31 четверг, 02 мая 2024
01 октября 2019, 12:20
Æвдадзы хос. Афтæ зæгъæн ис мыдæй

Пайда кæнын дзы чи зоны, уый йæ рыгæй дæр рынчынæн баххуыс кæндзæн. Фæлæ цалынмæ мыд адæймаджы фынгмæ бахæццæ вæййы, уæдмæ та йыл мыдыбындзытæ æмæ сæ хицæуттæ бирæ бафыдæбон кæнынц.

Æвдадзы хос. Афтæ зæгъæн ис мыдæй. Пайда кæнын дзы чи зоны, уый йæ рыгæй дæр рынчынæн баххуыс кæндзæн. Фæлæ цалынмæ мыд адæймаджы фынгмæ бахæццæ вæййы, уæдмæ та йыл мыдыбындзытæ æмæ сæ хицæуттæ бирæ бафыдæбон кæнынц. Уалдзæгæй райдай æмæ фæззæджы уазæлттæм. Ныртæккæ бирæ мыдгæстæ сæ чыргъæдтæ цæттæ кæнынц зымæгмæ. Куыд æмæ цы сусæгдзинæдтæй хъæуы спайда кæнын, уый тыххæй Моргуаты Ладæйæн радзырдта Томайты Аслæнбег.

Томайты Аслан мыдыкуыст кæны йæ æвзонг бонтæй. Уымæ гæсгæ зоны бирæ сусæгдзинæдтæ. Зæгъы мыдыбындзытæ адæмæй уæлдай не сты. Уимæ фæллойуарзаг. Алæкæмæн дæр дзы ис йæхи бæрнон хæс. Стæй хи паддзах бындз.

Мыды куыст цымыдиссаг куыд у, афтæ тæссаг. Уæлдайдæр та хъæууон хæдзарады быдыртæм хæстæг æвæрд куы уой уæд.

Куыд зонæм афтæмæй ацы аз бирæ мыдыбындзытæ амард Краснодары æмæ Стъарапъолы крайы. Уый та мыдгæсæн у стыр зиан. цæмæй иу бинонтæ ногæй скæна, уымæн хъæуы рæстæг. Афтæмæй та мыд адæймаджы æнæниздзинадæн у стыр пайда.

Фæлæ цæмæй æппæт уыцы пайда адæймаг райса, уый тыххæй бындзы дæр, стæй йæ хицауады дæр хъæу бирæ фæллой кæнын.

Фæллой бæркады хос, уый æмбарын мыдгæстæ дæр æмæ аразынц æппæт уавæртæ, цæмæй сæ мыдычыргъæдтæ уалдзæгæй фæззæгмæ хæссой пайда. Уимæ æнæзивæгæй сæ ласынц иу ранæй иннæмæ. кæрæкæ-мæрæкæ дидинджытæ канд цæст кæм нæ рæвдауынц, ахæм æвдадзы бынæттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania