филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:52 понедельник, 06 мая 2024
22 октября 2021, 13:05
Аграрон секторы хъæуы уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттæ

Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банчы минæвæрттимæ фембæлды рæстæг загъта Сергей Меняйло

Аграрон секторы хъæуы уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттæ. Уый тыххæй, Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банчы минæвæрттимæ фембæлды рæстæг загъта Сергей Меняйло. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг ацы къабаз схуыдта динамикон æгъдауæй чи рæзы, ахæм. Цæмæй дарддæр дæр куыст æмбæлгæ уагыл цæуа, уый тыххæй хъæуы ног механизмтæй пайда кæнын, уыимæ куыд паддзахады рдыгæй, афтæ банкæй дæр. Банчы правленийы сæрдары хæдивæг Денис Константинов дæр йæхи рдыгæй загъта, æмгуыстадмæ цæттæ кæй сты, уый. Фæнд кæнынц æмгуыстады тыххæй  дыууæрдыгæй бадзырд бафыссын. Ахæм форматмæ æнхъæлмæ кæсынц агропромышленнон комплексы æмæ продукци кусæн промышленносты райрæзт размæ зынгæ къахдзæф кæй акæндзæн, уымæ. Бадзырды фæлгæты афдæзмæ снысан кæндзысты сæрмагонд куысты пълан. Амынд дзы уыдзæнис, хъæууон хæдзарадæн æххуыс кæныны алы гæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania