филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:50 суббота, 18 мая 2024
13 октября 2022, 11:32
Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы бæрæгбæтты фæлгæты арæзт æрцыд кадджын мадзал

Изæр уыд Уæрæсейаг æфсады академион центрон театры

Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы бæрæгбæтты фæлгæты арæзт æрцыд кадджын мадзал «С единой душой единый народ». Изæр уыд Уæрæсейаг æфсады академион центрон театры. Бæрæгбоны программæмæ се вæрæн бахастой паддзахадон камерон хор «Алания», адæмон кафты ансамбль «Горец», Уæрæсейы æфсады зард æмæ кафты академион ансамбль, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисттæ. Хуынд адæмы хсæн Федерацийы Советы æмæ Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы минæвæрттæ, Уырыссаг чырыстон аргъуаны, Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнгтæ, стæй бæстæйы сæйраг горæты уазджытæ. Мæскуыйы æмæ Мæскуыйы облæсты цæры 70 мин ирон адæймаджы, юбилейон мадзæлттæ дзы райдыдтой рагагъоммæ, майы, Чырысти Ирвæзынгæнæджы аргъуаны Хуыцаумæ скуывдæй. Мæскуыйы уынгтæй иуы, скверы тагъд æвæрд æрцæудзæн Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн. Реставрацион куыстытæ цæуынц Алайнаг кæрты Мады Майрæмы аргъуаны дæр. Ныридæгæн ын сног кодтой йæ интерьер, ноябры кæронмæ та фæнд кæнынц бæстыхайы æддаг бакасты куыстытæ кæронмæ фæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania