филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:44 четверг, 23 мая 2024
12 апреля 2022, 12:34
Ансамбль «Исток» сбæрæг кодта йæ равзæрды бон

Ног коллектив  Мæздæджы йæ куыст райдыдта  афæдзы размæ  культурæйы сгуыхт кусæг Хуыгаты  Сергейы разамындæй

Кавказы национ  кафты  адæмон  ансамбль «Исток» сбæрæг кодта йæ равзæрды бон. Ног коллектив  Мæздæджы йæ куыст райдыдта  афæдзы размæ  культурæйы сгуыхт кусæг Хуыгаты  Сергейы разамындæй. Ансамблы  алы кары сывæллæтты  къорд  ныййарджытæн бацæттæ кодта хатдзæгтæгæнæн  концерт. Уæрæсейы, Кавказы адæмы хæттытæ  ирд æмæ хъæлдзæг кæфтытæй барухс кодтой æппæт уазджыты зæрдæтæ. Ныртæккæ «Истокы» репертуары ис 50 номырæй фылдæр.  Йæ коллективæн бантыст бацархайын бирæ мадзæлтты æмæ программæты.  Ансамблы архайджытæ аразынц цæугæ мадзæлттæ дæр. Концерттимæ  уыдысты,  Украинæйы цы сæрмагонд операци цæуы, уым цы æфсæддонтæ фæцæф, уыдонмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania