филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:55 среда, 01 мая 2024
15 ноября 2023, 11:03
Ацы азы дæс мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Цæгат Ирыстон экспорты арвыста фондзсæдæ мин тоннæйы бæрц хор

Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды Цæгат Кавказы управлени

Ацы азы дæс мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Цæгат Ирыстон экспорты арвыста фондзсæдæ мин тоннæйы бæрц хор. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды Цæгат Кавказы управлени. Фаронимæ абаргæйæ уыцы бæрæггæнæн фæфылдæр æхсай проценты. Æппæты фылдæр хор арвыстой Сомихмæ æмæ Гуырдзымæ. Уырдæм ласынц мæнæу, нартхор æмæ хъæбæрхор. Уыимæ Æзербайджайнмæ кæй æрвитынц, уыцы хоры бæрц фæфылдæр иуæндæс хатты. Хор экспорты æрвитынц Иранмæ, Иракмæ, Белоруссимæ,  Пакистанмæ, Таджикистанмæ, Кыргызстанмæ, Казахстанмæ æмæ Афганистанмæ. Уым арæхдæр агурынц цæгатирыстойнаг нартхор. Æдæппæтæй та ведомствæ дæс мæйы дæргъы Цæгат Ирыстонæй цы хор ласынц, уымæн радта дыууын фондз мин фито сертификатæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania