филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:50 среда, 01 мая 2024
23 августа 2023, 12:09
Ацы мæй сæ профессионалон бон бæрæг кæнынц мыдгæстæ

Уымæн æмæ сæрды фæстаг мæй уæлдай ахсджиагдæр рæстæг вæййы, мыды куыст чи кæны, уыдонæн

Ацы мæй сæ профессионалон бон бæрæг кæнынц мыдгæстæ. Æмæ хуымæтæджы нæ. Уымæн æмæ сæрды фæстаг мæй уæлдай ахсджиагдæр рæстæг вæййы, мыды куыст чи кæны, уыдонæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ нæ республикæйы мыдгæсты нымæц зынгæ кæй фæфылдæр. Мыд тынг пайда кæй у, уый фидарæй зоны нæ дарддæры æрмæджы хъайтар. Уый та у Задæлескы хъæуы сæргълæууæг Хадаты Алинæ.

Задæлескы хъæуы бынæттон администацийы сæргълæууæг Хадаты Алинæйы, кæд йæ  кармæ гæсгæ  хистæрты рæнхъмæ бахæссын зынгомау у, уæддæр йæ куырыхондзинад æмæ сæрæндзинад та бирæтæн дæнцæгæн хæссинаг сты. Нæ ацы фембæлды нын равдыста мыдыбындзытимæ иу æвзаг арыныл куыд архайын хъæуы, уый.

Алинæ кæд йæхи дæсны мыдгæс нæ хоны, уæддæр æнæзивæгæй архайы йæ бинонтæ ацы æрдзон лæварæй фæхайджын кæныныл. Куыд зæгъы, афтæмæй  базонын кæй фæнда, бакусыныл чи архайа, уымæн алцыдæр йæ къухы бафтдзæн. Уыимæ та ма алы куысты дæр æмбæлы  ссарын уыдæнцойдзинад.

Рамкæтæ æрæмбырд кæныны фæстæ та сæ тагъдгомау бахæццæ кæнын фæхъæуы хæдзармæ. Ацы хатт Алинæйæн уыцы хъуыддаджы феххуыс кодта йæ хистæр фырт.

Цæмæй мыд йæ æцæг хуызы фенæм, уымæй та йыл бакусинаг уыд. Мæнмæ гæсгæ та цы рамкæтæ федтам, уыдон мыдлæмарæны равæрдзæн Алинæ, фалæ нæ. Лæмбынæг ма сыл бацархайын хъуыд.

Бирæ рæстæг нал бахъуыд, цæмæй мыд фынгыл куыдæй равæрæм, уыцы хуызы фенæм. Фæлæ ма дзы  ис  иу къæпхæн дæр.

Афтæмæй мыдыбындзыты æмæ адæймаджы фæллой ссары йæ бынат. Мыды бирæ пайдайаг миниуджытæ та зындгонд сты азты дæргъы æмæ сæ адæммæ хæццæ кæнынмæ зивæг кæнын нæ хъæуы зæгъы, йæхи дæсны мыдгæс хонын чи нæ уадзы, уыцы Хадаты Алинæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania