филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:19 пятница, 17 мая 2024
08 сентября 2022, 10:24
Бæхты театр «Нартæ» ацы бонты гом  фæзы байгом кæндзæн йæ ног сезон

Ныртæккæ артисттæ цæттæ кæнынц ног трюктæ, бæхты ахуыр кæнынц сæрдыгон фæзы кусыныл

Бæхты театр «Нартæ» ацы бонты гом  фæзы байгом кæндзæн йæ ног сезон. Ныртæккæ артисттæ цæттæ кæнынц ног трюктæ, бæхты ахуыр кæнынц сæрдыгон фæзы кусыныл. Ацы театрæн  æмбал нæй. Бындур æвæрд ын æрцыди 30 азы размæ, æмæ уыцы рæстæгмæ сфæлдыстадон къорд аивадуарзджыты размæ  цымыдисаг спектакльтæ рахаста денейы бирæ рæтты. Труппæйы ис алы кары артисттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй фæлладуадзæн рæстæджы фæстæ программæ уыдзæни ноджыдæр мидисджындæр. Æмæ æрмæст уый нæ, сæ размæ ма ис бирæ фæндтæ æмæ нысантæ. Бæлвырддæр – Тъехты Элинæ.

Хорз спортивон цæттæдзинад, æмæ сæйрагдæр та хъæлдзæг зæрдæйы ахаст. Уыдон сты, бæхты драмон театр «Нартæ»-йы артистты репетици кæнгæйæ цы фæхъæуы, уыцы сæйраг домæнтæ. Трюкыл кусгæйæ канд адæймаджы дисциплинæ фаг нæу. Равдыст цæмæй хорз рауайа, уый аразгæ у бæхæй дæр. Цæрæгой адæймаджы зæрдæйы ахаст хорз æмбары, æмæ уымæ гæсгæ, ахсджиаг у йемæ базонын æмгуыст кæнын. Махъоты Тамарæ театры кусы 3 азы. Йæ уарзон цæрæгоймæ дæр зилы йæхæдæг. Алы райсом æй нысыгъдæг кæны, куыстмæ йæ æрцæттæ кæны, репетицийы фæстæ та йæ снайы. Афтæмæй йын æвдисы йæ уарзондзинад – зæгъы чызг.

Уникалон театр «Нартæ»-йыл цæуы 30 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ йæ базыдтой æппæт бæстæты дæр. Дугъы ауайын, ирон джигитовкæ, драматургия æмæ артистты арæхстдзинад равдисын – уый у абон дæр адæмы зæрдæмы цы цæуы, уыцы куыст.

Кæд бæхты театры труппæйæн равдыстытæ рагæй нæ уыд, уæд ныр сæ арæхстдзинадæй хъæлдзæг кæнынц адæмы Уæрæсейы æндæр регионтæй. Июлы артисттæ бацархайдтой æппæтадæмон фестиваль «Иваново поле»-йы, уый фæстæ та гастролты ацыдысты Дагестанмæ.

Театры актертæ бирæ не сты. 20 адæймаджы æмæ 12 бæхы. Хицауад сæ фæнд кæнынц фæфылдæр кæнын. Фæсидтысты куыд арæхстджын артисттæм, афтæ фæсивæдмæ дæр. Фæлæ фылдæр æрмæст архайджытæ нæ кæндзысты. Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министрады уынаффæмæ гæсгæ цæуынц Уæрæсейы фыццаг бæхты театры арæзтадон куыстытæ.

Бæстыхай аразын райдайдзысты иннæ аз. Ныр театр ног кæны йæ концертон программæ. Хицауад зæрдæ æвæры, бирæ стырдæр кæй уыдзæн, уый. Хæстæгдæр спектакль ацæудзæн ирон аивадуарзджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania