филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 воскресенье, 05 мая 2024
29 декабря 2020, 12:20
Баситы Тамерлан къамбецты куыст кæны 20 азæй фылдæр

Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй фосдарынадæн ис стыр фидæн.

Скæсæйнаг къалиндармæ гæсгæ, 2021-æм азы символ у гал. Адæм ыл бæттынц стыр ныфсытæ. Æууæндынц, сæ бæллицтæ æмæ фæндтæ кæй сæххæст уыдзысты, æппæт зындзинæдтæ ивгъуыд азы кæй баззайдзысты, æнæниздзинад та ацы цæрæгойы хуызæн фидар кæй уыдзæнис, ууыл. Астрологтæ зæгъынц, афæдз уыдзæни ирд. Скæсæйнаг культурæйы гал нымад у куыстуарзагыл, сыгъдæгудыхъæдимæ æмæ хæрзмыггагыл. Прогнозтæм гæсгæ, тынгдæр æххуыс кæндзæни куыстуарзаг адæмæн. Цæгат Ирыстоны Баситы Тамерлан се ппæтæй хуыздæр зоны ацы цæрæгойты миниуджытæ. Фермеры чысыл хæдзарад бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд дæр.

Баситы Тамерлан къамбецты куыст кæны 20 азæй фылдæр. Кæддæр тропикон цæрæгойтæ, абон сты хæдзарон фос. Раздæр уыдысты лæгъз, фæлæ уый фæстæ, сæ царм фæбæзджындæр, æмæ зымæгон уазæлттæн фæразынц. Уымæй уæлдай сын ис фидар иммунитет. Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй къамбецтæ дарын экономикон æгъдауæй зын нæу. Цæрæгойтæ хæрынц алы холлаг дæр.

Йæ чысыл фермæмæ кæсынмæ йын æххуыс кæнынц йæ бинойнаг æмæ йæ цот. Бон изæрмæ фермер йæ фыртимæ архайы къамецтимæ, зилы сæм, хизы сæ быдыры. Цæрæгойты хъæуы сæрибардзинад. Цæмæй ма сæфой, уый тыххæй та сын сæ хъуыртыл бакодта сæрмагонд навигатортæ. Афтæмæй, фосы дзуг нæ фесæфдзæн.

Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй фосдарынадæн ис стыр фидæн. Галтæ уæй нæ кæны, фæлæ сæ кæны фылдæр. Дзидзайæ уæлдай къамбецтæ дæттынц тынг сойджын æхсыр. Кæнынц дзы цыхт, нæлхæ, къæдор æмæ мисын. Ацы хъуыддæгтæ та кæнынц  Баситы бинонты сылгоймæгтæ.

Къамбецтæ сабыр цæрæгойтыл нымад не сты, фæлæ сæ хицауы узæлд куы æнкъарой, уæд семæ æнцон у. Ног азы символ у гал. Тамерлан худгæйæ зæгъы, кæд нæ скæсæйнаг къæлиндары хорзæх уа, уæд нæ афæдз уыдзæни хъæздыг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania