филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:44 четверг, 23 мая 2024
05 мая 2021, 12:34
Бехъаны цады ныртæккæ бынæттонтæй дарддæр архайынц Ростовæй специалисттæ

Йæ ныссыгъдæг кæныны хъуыддаг цæуы, национ проект «Экологи» æххæст кæнгæйæ

Бехъаны цад нымад у æрдзы регионалон цыртдзæвæныл. Йæ ныссыгъдæг кæныны хъуыддаг цæуы, национ проект «Экологи» æххæст кæнгæйæ. Æмæ хъуамæ фæуа 2022-æм азы кæронмæ. Уый къухы куы бафта, уæд хæстæгдæр 50 азы доны объект уыдзæн сыгъдæг æмæ æдас. Бехъаны цады ныртæккæ бынæттонтæй дарддæр архайынц Ростовæй специалисттæ. Сæ куысты тыххæй бæлвырддæр радузрдзæн Фидараты Маринæ.

Азовы денджыз Бехъаны цадыл баивгæйæ, подрядон организацийы минæвæрттæ бавнæлдтой дон сыгъдæггæнæн куыстыты дыккаг къæпхæнмæ. Ныртæккæ Бехъаны цад ис аварион уавæры. Зын гидротехникон мадзалæй пайда кæнгæйæ йæ хъуамæ ныссыгъдæг кæной, цæмæй, куыд фæзæгъынц, йæ бон сулæфын уа, уый тыххæй.

Сæйраг куыстытæ кæны дон сыгъдæггæнæн сæрмагонд кусæнгарз. Донцъирæны фæрцы сæмбырд кæндзæн ламитæ. Сæрмагонд машинæ схонын ис зондджын кусæнгарзæй. Уымæн æмæ, куыддæр истæуыл сæмбæлы, афтæ йæхæдæг адарддæр кæны йæ фæндаг. Ахæм мадзал у æдас кæсæгтæн. Донцъирæны хуылфы та æвæрд ис хыз, æмæ дзы кæсæгтæ нæ бахауынц. Ахæм чысыл науæн разамынд дæттынц дыууæ специалисты. Ирыстонмæ ссыдысты Ростовæй.

Кæй сæмбырд кæнынц, уыцы лами донимæ æмхæццæйæ бахауы геотубæтæм. Уыдон та æвæрд сты былгæрæтты алыварс сæрмагонд фæзы. Алкæйы дæргъ сæ у 25 метры, диаметр та метр æмæ рдæг. Конд сты полимерон æрмæгæй, стæй сæ спайда кæнæн ис æрмæстдæр иу хатт. Фæз дæр сæрмагондæй уыдонæн арæзт æрцыд. Цъымараджын бынаты ныккалдтой дуртæ æмæ хуыр, се хсæн та геотекстиль. Афтæмæй рауад фильтры хуызæн.

Раздæр подрядон организацийы специалисттæ бакодтой цæттæгæнæн куыст. Ныссыгъдæг кодтой доны былгæрæттæ 6 килеметры дæргъы. Иумæйаг фæз та у 9 гектары. Регионалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы æрдзы цыртдзæвæн ныссыгъдæг кæнынæн специалисттæ спайда кодтой уникалон методæй. Уæрæсейы дзы арæх нæ пайда кæнынц. Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны доны объектæн ацы цау банымайæн ис историоныл.

Æдæппæтæй нысан кæнынц 470000 сисын. Уыдонæй æрмæст лами уыдзæн 340000 кубы. Ацы куыстæн хъæуынц 9 боны, æрмæст хорз боныхъæд куы уа, уæд. Цæмæй дон геотубæтæй кæла, уый тыххæй. Чи бахус ис, уыцы доны бынтæй та спайда кæнæн уыдзæн, куыд хъæууон хæдзарады хъацæнтæй, афтæ. Ныртæккæ Бехъаны цады æппæтæй арфдæр бынат у 5 метры. Æххæстæй йæ куы ныссыгъдæг кæной, уæд та ма ноджыдæр фæфылдæр уыдзæн метр æмæ рдæг. Уæдмæ суадæттæ райдайдзысты цадмæ парахатдæрæй кæлын, æмæ доны объекты уавæр зынгæ фæхуыздæр уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania