22 июня 2022, 12:10
Дыгурон драмон театр йæ радон сæзон сæхгæндзæн премьерæйæ «Аслæнбеджы милуантæ»
Сæйраг рольтæ сæхиуыл абарстой æрыгон актертæ
Дыгурон драмон театр йæ радон сæзон сæхгæндзæн премьерæйæ «Аслæнбеджы милуантæ». Адæмон комедийы автор у Хохойты Фидар. Уый хъæлдзæг жанры равдыста сыхæгты цард. Бæлвырддæр та – чъынды æмæ хæлæггæнаг адæймаджы æппæрццæг миниуджытæ цæмæ расайынц, уый. Хохойты Фидар пьесæйыл куыста пандемияйы рæстæг. Архайдта, цæмæй адæмы зæрдæмæ фæцæуа, ууыл. Спектаклы ирдæй æвдыст цæуы адæмы дзыхæй-дзургæ сфæлдыстад. Ацы бонты ацыд спектаклы сæйраг репетици. Режиссер Сечъынаты Элитæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы премьерæмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Сæйраг рольтæ сæхиуыл абарстой æрыгон актертæ. Премьерæ уыдзæн июлы.
темæмæ гæсгæ