09 сентября 2022, 11:07
Дыгурон драмон театр йæ радон сезон байгом кæндзæн спектакль «Аслæнбеджы милуантæ»-й
Адæмон комедийы автор у Хохойты Фидар
Абон Дыгурон паддзахадон драмон театр йæ радон сезон байгом кæндзæн спектакль «Аслæнбеджы милуантæ»-й. Адæмон комедийы автор у Хохойты Фидар. Уый хъæлдзæг жанры равдыста сыхæгты цард. Бæлвырддæр та – чъынды æмæ хæлæггæнаг адæймаджы æппæрццæг миниуджытæ цæмæ расайынц, уый. Хохойты Фидар пьесæйыл куыста пандемияйы рæстæг. Архайдта, цæмæй адæмы зæрдæмæ фæцæуа, ууыл. Спектаклы ирдæй æвдыст цæуы адæмы дзыхæй-дзургæ сфæлдыстад. Спектаклы режиссер Сечъынаты Элитæйы ныхæстæм гæсгæ, ног спекталь сæвæрынмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Сæйраг рольтæ сæхиуыл абарстой æрыгон актертæ.