филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:12 вторник, 21 мая 2024
19 октября 2022, 10:40
Дыгуры районы хъæууон хæдзарады куыстытæ сты сæ тæмæны

Ныртæккæ комбайнтæ архайынц 240 гектары фæзуатыл

Фæстаг рæстæг федералон æххуыс хæццæ кæны хъæууон хæдзарады къабазмæ дæр. Йæ фæрцы сæ куысты уавæртæ фæхуыздæр сты бирæ хæдзарæдтæн. Уæдæ фæззыгæндтæ æфснайыны хъуыддаг дæр, ног техникæйæ æххæстгонд кæй цæуы, уый фæрцы фæтагъддæр.  Не сфæлдыстадон къорд федта Дыгуры районы быдырон куыстыты цыд. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Дыгуры районы хъæууон хæдзарады куыстытæ сты сæ тæмæны. Æфснайынц сæ фæззыгæндтæ.  Ныртæккæ комбайнтæ архайынц 240 гектары фæзуатыл. Районы хъæууон хæадзарады управленийы сæйраг агроном Золойты Роберты ныхæстæм гæсгæ аз  хус кæй уыд, уымæ гæсгæ тыллæг æххæст зæрдæмæдзæугæ нæу.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстоны зæхкусджытæ фылдæр æргом здахынц нартхоры куыстмæ. Зæххыты фылдæр хайы конд ис уыцы культурæ.

Дыгуры районы стыр куыст бакодтой тыллæг хус гæнæнтæ саразыныл. Ныр мидбынаты, арендатортæ сæ бæркад фылдæр рæстæг бафснайыны тыххæй æндæр ранмæ ласын нæ хъæуы. Ам ис æппæт гæнæнтæ дæр фæстæдæрмæ  сæ тыллæг куыд не схъуына уа, уымæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania