филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:43 вторник, 21 мая 2024
04 августа 2022, 13:27
Дзæуджыхъæу архайдзæн 9-æм æппæтадæмон наукон-практикон форумы куысты

Форумы архайджытæ æрныхас кæндзысты селекцийы æмæ картофы мыггæгты, алыхуызон низтæй бахъахъхъæныны технологиты хуыздæр гæнæнтыл

Картофы куыст кæнын, инновацион технологитæ æмæ хæрзмыггаг картофы хуызтæ. Дзæуджыхъæу архайдзæн 9-æм æппæтадæмон наукон-практикон форумы куысты. Йæ аразджытæ сты Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад, картофы куыстгæнджыты Цæдис æмæ Лорхы номыл кортоф иртасыны федералон центр. Форумы архайджытæ æрныхас кæндзысты селекцийы æмæ картофы мыггæгты, донхорыггæнæн æмæ алыхуызон низтæй бахъахъхъæныны ног технологиты хуыздæр гæнæнтыл. Форумы архайдзысты Уæрæсейæ æмæ фæсарæнтæй 150 адæймаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania