23 марта 2021, 13:14
Дзæуджыхъæуы байгом аивадон куклаты равдыст
Сæ куыстытæ дзы равæрдтой республикæйы æмæ сыхаг регионтæй хуынд 40 æрмдæсныйæ фылдæр
Аргъæутты бæстæ хи къухтæй. Куклатæ аразыны боны кадæн Дзæуджыхъæуы байгом аивадон куклаты равдыст. Сæ куыстытæ дзы равæрдтой республикæйы æмæ сыхаг регионтæй хуынд 40 æрмдæсныйæ фылдæр. Аргъæутты æмæ национ хъайтартæ… Куклатæ саразджытæ равдыстмæ æрбацæуджыты, сæ кустытæй ахонынц аргъæутты бæстæмæ. Конд сты алыхуызон техникон фæрæзты æмæ æрмæджы фæрцы: хъуымац, папье-маше, полимерон æлыг, фарфор. Ныридæгæн равдыст байгом кæнын бон, республикæйы цæрджытæй бирæтæ аргъ скодтой залы аргъæутты комулæфтæн. Уазæг цыма бамынæг вæййы алы стенды цур дæр, йæ удæй ацæуы йæ сабибонтæм. Равдыст фенæн ис 25-æм мартъимæ.




