филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:44 четверг, 23 мая 2024
27 января 2023, 12:07
Дзæуджыхъæуы Ленины уынджы хæдзар нымад у историон объектыл

Арæзтадон-реставрацион компани йæ размæ цы хæс сæвæрдта, уый хуымæтæг проект нæу

Дзæуджыхъæуы Ленины уынджы 35-æм хæдзар нымад у историон объектыл. Рæстæг ыл йæ фæд ныууагъта, æмæ ныр у базилинаг. Фæстаг рæстæг дзы кусы шахмæтты клуб. Арæзтадон-реставрацион компани йæ размæ цы хæс сæвæрдта, уый хуымæтæг проект нæу. Зæрдæ вæрынц, бæстыхайæн йæ историон хуыз кæй раздахдзысты, уымæй. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

Ленины уынджы 35-æм хæдзары алы азты уыди хореографион къорд, дардтой дзы бæхтæ дæр, уый фæстæ та сси шахмæтты клуб. Алы дур дæр дзы æвдисæн у бирæ азты хъæздыг историйæн. Бæстыхай нымад у историон хæзнайыл, æмæ йæ рацарæзтмæ кæсын хъæуы бæрнон цæстæй.

Объекты нысан кæнынц егъау куыстытæ скæнын. Фæлæ сæйраг хъуыддаг – йæ раздæры хуыз ын раздахын. Уымæн æмæ йæ алы хицау дæр объекты æддаг бакастмæ хаста йæхи ивддзинæдтæ. Азтæ куыд цыдысты, афтæ æфхæрд баййæфта къæвдатæ æмæ дымгæйæ дæр. Уымæ гæсгæ арæзтады фылдæр хай у уымæл. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ам алы дурыл дæр бакусын хъæуы хицæнæй.

Бæстыхай æмбæлгæ уагмæ куы æркæной, уæд дзы уыцы-иу рæстæг сæ бон архайын уыдзæни 100 шахматистæн. Физкультурæ æмæ спорты министр Кочиты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй ныр шахматисттæн фæзындзæн сæхицæн клуб, уый та æнæмæнгæй хорзырдæм фæзындзæн республикæйы спорты ацы хуызы райрæзтыл.

Историон хæзнайыл нымад чи у, уыцы объект сног кæныныл кусдзæн фæлтæрдджын реставраторты къорд. Куыстытæ кæд райдайдзысты, уый бæлвырд нæма у. Фæлæ уал рагагъоммæ нысан кæнынц уалдзæгмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania