20 мая 2022, 10:53
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Мордовийы паддзахадон уырыссаг драмон театры гастрольтæ
Артисттæ уыл фембæлдысты журналисттимæ
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Мордовийы паддзахадон уырыссаг драмон театры гастрольтæ. Артисттæ уыл фембæлдысты журналисттимæ. Сфæлдыстадон къорд Цæгат Ирыстоны уыди 80-йæм азты. Ацы хатт сластой 4 спектаклы. Сывæллæттæн аргъау «Внучка для Бабы Яги», ныййарджыты æмæ сывæллæтты ахастдзинæдтæ «Дорогая Елена Сергеевна», цардыл дзурæг пьесæ «Дорогая Памела», стæй Максим Горькийы æнæмæлгæ классикæ «Васса». Гастрольтæ сты дыууæрдæм. Майы райдиан Ирон театр Мордовимæ аласта 4 спектаклы. Алы хатт – аншлаг. Уазджытæ ирыстойнаг театрдзауты базонгæ кæндзысты сæ культурæимæ. Театр сæйраг æргом здахы æрыгон актертæм, сæ профессионалон рæзтмæ.
темæмæ гæсгæ