филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:16 пятница, 03 мая 2024
16 января 2024, 12:05
Дзæуджыхъæуы реставраци кæнынц Осман Омаровы æрмадз

Ам арæзтой цыргъаг хæцæнгарзы алы хуызтæ

Архитектурон хæзна бахъахъхъæнын æмæ йын йæ фыццаградон хуыз раздахын. Дзæуджыхъæуы Баййаты Гаппойы уынджы реставраци кæнынц Осман Омаровы æрмадз. Ам арæзтой цыргъаг хæцæнгарзы алы хуызтæ. Куыстытæ дзы уæлдай тынгдæр сæ тæмæны уыдысты Фыццаг Дунеон Хæсты рæстæг, 1914-æм азы дзы фæллой кодта 70 адæймаджы. Ивгъуыд æнусы райдианы æууæлтæ æвдисæг бæстыхай куыд ног кæнынц, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Осман Омаровы æрмадз нымад у, регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектыл. Рестовратортæ зæрдиагæй бакуыстой, сæрмагонд æрмæджытæй йын ныссыгъдæг кодтой йæ уæлцъар, æмæ йын сног кодтой йæ фыстытæ. Ацы бæстыхайы арæзтад у тынг цымыдисаг.

Осман Омаровы æрмадзы арæзтой цыргъаг хæцæнгарз. Ам цы æрмдæснытæ куыстой, уыдонмæ иу курдиæттимæ æрбцыдысты æрмæст хицæн адæмтæ нæ, фæлæ бæстæйы æфсады минæвæрттæ дæр, стæй хъазахъхъæгты æфсæдтæ дæр. Куыстой дзы 70 хæцæнгарз аразæджы, ацы нымæц ныртæккæйы рæстæг дæр гыццыл нæу. Уыцы рæстæджытыл ныр 100 азæй фылдæр рацыди, æмæ  бæстыхай ис тæссаг уавæры. Йæ ног хицау бавнæлдта реставрацион куыстытæм. Уыимæ, архайы, цæмæй арæзтад йæ рагон хуыз ма аива.

Историон объекты куыстытæм бавналыны размæ дзы æнæмæнгæй хъæуы историон-хъахъхъæнæн экспертизæ скæнын. Уый йын фадат ратдзæни йе ддаг бакаст раздæр цы хуызæн уыди, куыд ивта, рохуаты дзы цы элементтæ баззад, стæй дзы бахъахъхъæнын кæй кæуы, уыцы фæзилæнтæ базонынæн.  Советон рæстæг арæзтады æддаг бакаст бирæ хæттыты аивта, паддзахы рæстæджытæй агуыридурæн дзы йæ кой дæр нал ис.

Осман Омаровы æрмадзы æддаг бакаст ныридæгæн йæ хуыз скалдта, сног æй кодтой. Ныртæккæ та дзы цæуынц мидæгæй куыстытæ. Ивгъуыд æнусы кæй кодтой, ахæм амадтытæ, æрмдæсныты иу уæзæлттæй чи аирвæзын кодта, уыцы пец – иу ныхасæй, уыцы рæстæджы царды тæваг дзы ныр дæр ис банкъарæн. Ацы объекты фæрцы ма паддзах Алыксандры номыл проспекты ирддæр бынæттæ ноджыдæр фæхъæздæгдæр уыдзысты.

Республикæйы культурон бынтæ хъахъхъæныны æмæ сæ пайда кæныны комитеты æмæ бизнес-æхсæнады æмгуыстады фæрцы проспект аивгонд цæуы, фæлæ сæйрагдæр та уый, æмæ йын здахынц йæ фыццаградон хуыз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania