филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:46 воскресенье, 19 мая 2024
01 июня 2023, 11:50
Дзæуджыхъæуы Яшины уынджы фидары къулæй цы хай баззад, уый хъахъхъæд æрцæудзæн

Уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæг фехъусын кодта республикæйы историон æмæ культурон хæзнатæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæз

Дзæуджыхъæуы Яшины уынджы фидары къулæй цы хай баззад, уый хъахъхъæд æрцæудзæн. Уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæг фехъусын кодта республикæйы историон æмæ культурон хæзнатæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæз. Мæй æмæ рдæджы фæстæ специалисттæ райдайдзысты историон объект фидар кæнын. Иннæ аз та фæнд кæнынц реставрацион куыстыты сæйраг хаймæ бавналын. Проекты аргъ у 3 милуан сомæй фылдæр. Ивгъуыд азы кæрон республикæйы Сæргълæууæджы æххуысæй æмæ комитеты архайдæй бахъахъхъæдтой, æмбал кæмæн нæй, ахæм барельефтимæ къул. Йæ рæстæджы йæ сарæзта фыццаг ирон скульптор Едзиты Сослæнбег. Реставраци йæ кодтой æмæ йæ сæвæрдтой Алагиры парчы зонæйы. Абон республикæйы ис, федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон хæзнаты 411 объекты, 250 – регионалонтæ, мин 3 сæдæйы бæрц та сты, æрæджы кæй сбæрæг кодтой, ахæм объекттæ. Дзуарæфтыд Аланийы 1100 азы кадæн мадзæлтты фæлгæты реставрацигонд æрцыдысты 14 объекты. Уæд бакуыстой Лисрийы æмæ Мамысоны зæрдылдарæн бынæтты реставрацийы проектыл дæр. Комы къахдзоныгътыл бырыны фæндаджы арæзтад кæй цæуы, уымæ гæсгæ, культурон хæзнаты объекттæ бахъахъхъæныны фарстамæ бæрнон цæст дары республикæйы Сæргълæууæг. Пресс-конференцийы ныхас цыди рагон хъæу Цымытийы историон æууæлтæ бахъахъхъæныныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania