филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:54 понедельник, 02 ноября 2026
22 октября 2026, 11:09
Дзанайты Барис бæрнон кусджытимæ æрдзырдта ацы къабазы ахсджиагдæр хъуыддæгтыл

Профилон министрады, районты хъæууон хæдзарады управлениты разамонджытæ æркастысты риссагдæр фарстатæм

Республикæйы хицауады ныхас цыди хъæууон хæдзарадыл. Премьер Дзанайты Барис бæрнон кусджытимæ æрдзырдта ацы къабазы ахсджиагдæр хъуыддæгтыл. Профилон министрады, районты хъæууон хæдзарады управлениты разамонджытæ æркастысты риссагдæр фарстатæм. Æмбырды сæйрагдæр æргом здæхт æрцыди агропромышленносты комплексы, хъæууонхæдзарадон куыстуæтты архайд фæхъомысджындæр кæныныл, стæй ацы къабазæн паддзахадон æххуысыл. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы стыр æххуыс кæнынц агропромышленносты комплексы рæзтæн. Æрмæст ацы азæн паддзахадон программæты æмæ национ проектты фæлгæты снысан кодтой миллиард сомæй фылдæр. Ацы къабаз раззагдæрты æмрæнхъ ракæнынмæ регионы ис æппæт фадæттæ — зæххытæ, специалисттæ æмæ æндæр уавæртæ. Царды æххæстгонд цæуынц паддзахадон æххуысы мадзæлттæ. Ацы къабаз республикæйы у раззагдæртæй иу, æмæ йын йæ дарддæры рæзтæн хъæуы уавæртæ аразын, загъта Дзанайтыы Барис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania