филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:55 воскресенье, 19 мая 2024
20 октября 2022, 11:24
Фæсивæдон библиотекæйы уыд æхсызгон фембæлд

Æрбахуыдтой йæм зындгонд композитор Хосроты Тамерланы

Фæсивæдон библиотекæйы уыд æхсызгон фембæлд. Æрбахуыдтой йæм зындгонд композитор Хосроты Тамерланы. Хъуыстгонд педагог схъомыл кодта бирæ æнтыстджын музыканты. Се хсæн дирижертæ: Муриты Данæ, Зæнджиаты Тимур, Æлбегаты Георгий æмæ иннæтæ. Ныртæккæ та Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы æмæ симфонион дирижеры скъолайы бындурæвæрæджы разамындæй ахуыр кæнынц 9 курдиатджын æвзонг музыканты. Хосроты Тамерлан йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уæлдай курдиат кæмæ ис, ахæм сывæллæтты нæ агуры, фæлæ сæм йæхæдæг гурын кæны сфæлдыстадон талатæ. Алы адæмйагæн дæр сæйрагдæр у царды хæс равзарын, æмæ йæм уæндон къахдзæфтæ кæнын, – зæгъы педагог.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania