Театры сценæмæ рацыдысты 19 музыканты, уыдон ацагътой дунеон классикæйы ирддæр уацмыстæ
Фестиваль «Аланикæ»-йы музыкалон программæ æххæст кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны оперæ æмæ балеты театры арæзт æрцыд фыццаг мадзал. Ацы аз фестивалæн у юбилейон. 15 азы сæххæст, арт-проект аивадуарзджыты зæрдæтæм фæндаг куы ссардта, ууыл. 2022-æм азы та фестиваль байгом кодтой иумæйаг сæргондимæ «Встреча со священным». Театры сценæмæ рацыдысты 19 музыканты. Уыдон ацагътой дунеон классикæйы ирддæр уацмыстæ. Музыкалон программæ фенæн уыдзæн октябры кæронмæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Уæрæсейы Паддзахадон академион камерон оркестры балц нæ республикæмæ бантыст нæ филармонийы æххуысæй. Уый Пушкины номыл аивæдты паддзахадон музейы регионалон филиалимæ кæны æнгом æмгуыстад.