Ацы аз зындгонд композитор, дирижер æмæ фольклористы райгуырдыл æххæст кæны 135 азы
Галаты Барисы ирон адæмон зарджытæ. Ахæм темæимæ фембæлд арæзт æрцыд Национ наукон библиотекæйы. Ацы аз зындгонд композитор, дирижер æмæ фольклористы райгуырдыл æххæст кæны 135 азы. Галаты Барис кодта адæмон зарджыты, национ музыкалон инструментты æмæ кæфтытæ иртасыны куыст. 1928-æм азæй фæстæмæ сæмбырд кодта æмæ бахъахъхъæдта 700 аудиофыстæй фылдæр. У бирæ музыкалон композициты автор. Се хсæн драмæтæ, комедитæ æмæ пьесæтæ. Фембæлд саразыныл бакуыстой Галаты Аслæнджерийы номыл Культурæйы Фонд, Национ наукон библиотекæ, стæй Æппæтуæрæсеон музыкалон æхсæнады цæгатирыстойнаг регионалон хайад. Зындгонд композитор Ирыстоны культурæмæ цы æвæрæн бахаста, ууыл дзырдтой фонды разамонæг Гаглойты Лианæ, наукон библиотекæйы директор Хайманты Иринæ, национ зарæджы нæлгоймæгты хоры разамонæг Дзанайты Ольгæ, ирон традицион культурæ иртасæг Сæлбиты Тамир æмæ æндæр хъуыстгонд адæм. Æмбырды архайджытæн равдыстой Галаты Барисыл ист кинонывтæй скъуыддзæгтæ. Ацы мæй ма Галаты Барисы номыл арæзт æрцæудзæн цалдæр зонадон мадзалы.