филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:12 понедельник, 06 мая 2024
09 декабря 2021, 12:24
Горæтгæрон районы кæронмæ фæхæццæ кæны алы мыггæгты нартхор æфснайыны куыст

Тыллæгæн йæ фылдæр хай у сæрмагондæй ногæй бакусынæн, ома хæдзарон фосæн холлагæн æмæ крахмал аразынæн

Горæтгæрон районы кæронмæ фæхæццæ кæны алы мыггæгты нартхор æфснайыны куыст. Тыллæгæн йæ фылдæр хай у сæрмагондæй ногæй бакусынæн, ома хæдзарон фосæн холлагæн æмæ крахмал аразынæн. Аграрон кусджыты ныхæстæм гæсгæ ацы аз уыд хус рæстæг. Уымæ гæсгæ республикæйы хæдзарæдтæ баййæфтой хæрдзтæ. Фесæфти сæ тыллæджы цыппæрæм хай. Уæддæр фермертæ сæ къухтæ не руагътой, боныхъæды уавæртæ нæ хынцгæйæ бацархайдтой бæркадджын тыллæг сисыныл. Горæтгæрон районы хуымзæххыты иумæйаг бæрц у 20 мин гектары. Хæдзарæдты æрзайын кæнынц фæззыгæндтæ æмæ алыхуызон культурæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис сæм картоф, стæй фылдæр быдырты та нартхор. Уый зайы 15 мин гектарыл. Тыллæг сисынмæ хъавынц хæстæгдæр рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania