филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:33 воскресенье, 19 мая 2024
18 мая 2023, 11:34
Грознайы цæуынц ирон культурæйы бонтæ

Цæцæны республикæйы цæрджытæн фадат ис Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры сфæлдыстадимæ базонгæ уæвынæн

Грознайы цæуынц ирон культурæйы бонтæ. Цæцæны республикæйы цæрджытæн фадат ис Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры сфæлдыстадимæ базонгæ уæвынæн. Труппæ равдыста спектакль «Сау нымæт».  Уымæй дарддæр йæ курдиат раргом кодта Галаты Барисы номыл кафты æмæ зарды паддзахадон ансамбль. Уазджытæн сарæзтой экскурси Национ музеймæ, мæзджыт «Сердце Чечни»-мæ æмæ хъуыстгонд модæйы хæдзармæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, мартъийы Хуссар Ирыстон Цхинвалы суазæг кодта Цæцæны Республикæйы сфæлдыстадон минæвæртты. Бынæттон цæрджыты сæ курдиатимæ базонгæ кодтой Паддзахадон ансамбль «Вайнах» æмæ Михаил Лермонтовы номыл драмон театры артисттæ. Æппæт мадзæлттæ арæзт цæуынц Цæцæны Республикæйы æмæ Хуссар Ирыстоны культурон æмархайды фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania