филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:56 воскресенье, 19 мая 2024
14 июля 2020, 16:46
Гуйты бинонтæ фæнд кæнынц сæ xæдзарады архайд фæyæрæxдæр кæнын

Гуйты Руслан æмæ Эммæ кæд ацы фос афтæ бирæ рæстæг нæ зонынц, уæддæр сын сæ фæлмæн ныхасыхъæд

Æнгом  цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ та цард арынц, зæгъы рагон æмбисонд.  Ирыстоны ис бирæ фæзминаг бинонтæ – се гъдауæй, сæ адæмуарзондзинадæй,  куыстмæ æнæзивæгæй чи тырны, æхæмтæ. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм Гуйты Русланы бинонты.

Гуйты Руслан æмæ Эммæ кæд ацы фос афтæ бирæ рæстæг нæ зонынц, уæддæр сын сæ  фæлмæн ныхасыхъæд æмæ уарзон цæстæнгас  кæй бауарзтой, уый гуырысхойаг нæу.  Зæрдæйæ цы хъуыддаг кæнай, уымæн æнæ афтæ уæвæн дæр  нæй. 

Эммæ æма Руслан куыд зæгъынц, афтемæй грант 2 милуаны æма 4 сæдæ мин сомы райсгæйæ, райдыдтой хæрзмыггаг фосы хуыз агурын, æмæ Швицаг стурвосы хуызыл  æрлæугæйæ, æмбæрстой сæ дарын дæр зындæр кæй у, уый, фæлæ сæм сæ ныфс бахастой.

Фæрæзтæ радих кодтой федералон программæ «Райдайгæ фермер» æххæстгæнгæйæ. Ацы фермерон хæдзарад фосдарынады куыст кæнын райдыдта æрæджы. Ныры онг та кодтой маргъдарыны  куыст. Æмæ  уыцы къабазы райрæзтмæ дæр сæ цæст дарынц.  

Ныртæккæ архайынц дыууæ хъуыддаджы дæр райрæзын кæныныл. Уæвгæ  Дыгуры районы фосдарыны куыстмæ фæстаг рæстæг фылдæр æргом здæхт æрцыд. Æмæ районы хъæууон хæдзарады управлений минæвар Æбаты Батразы ныхæстæм гæсгæ, уый къухы  æфты  грантты фæрцы. 

Азы  кæронмæ Гуыйты бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц, сæ фос дыууæ хатты кæй фæфылдæр уыдзæн, уымæ. Уыимæ  та сæ бон суыдзæн æхсыры куыстмæ рахизын дæр.

Хæдзарады территорийы зæххытæ æдæппæтæй сты 6 гектармæ хæстæг. Ис дзы хизæнуæттæ дæр.

Швицаг хæрзмыггаг фос у Швецарийæ. Иу дзы ласы  500 кг онг. Æхсыр та азмæ рæстæмбисæй дæттынц 4 мин литрмæ хæстæг. Сæ дзидзайы хæрзхъæддзинадæн дæр сын ис  стыр аргъ. Гуйты бинонты зæрды ис сæ скъæтты уавæртæ фæхуыздæр кæнын, стæй нырыккон хъæугæ кусæнгæрзтæ балхæнын. Æмæ ам  дæр фермертæ зæрдæ дарынц сæхиуыл , стæй паддзахадон æххуысыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania