филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:35 вторник, 21 мая 2024
10 июня 2019, 12:10
Хъæлдзæг æмæ цыргъзондты клубы сæрдыгон Кубок рамбулыны фæдыл 10 командæйы фембæлдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты концертон залы

Сты уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты студенттæ. Бирæтæ дзы архайынц фыццаг хатт.

Хъæлдзæг æмæ цыргъзондты клубы сæрдыгон Кубок рамбулыны фæдыл 10 командæйы фембæлдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты концертон залы. Сты уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты студенттæ. Бирæтæ дзы архайынц фыццаг хатт. Сæ хъæлдзæх ныхас баст уыд туристтæ æмæ Дзуджыхъæуккæгтæ сæхи куыд дарынц, сесси куыд дæтдзысты æмæ регионæн æндæр цымыдисаг темæтимæ. Жюрийы уæнгтæ аргъ кодтой, куыд сæ цыргъзондæн æмæ хъæлдзæгдзинадæн, афтæ сæ «æгасцæуайæн» дæр. Мадзал аразджытæ куыд загътой, афтæмæй Кубок у цæугæ, иу сезонæй иннæмæ йæ фæдæттынц хуыздæр команæдæйæн. Хъæлдзæг æмæ цыргъзондты фæсивæдон театры директор, Плиты Сосланы хъуыдымæ гæсгæ студентон кубок рамбулын æнцон нæу, æмæ уый ноджы разæнгарддæр кæны фæсивæды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania