филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:03 вторник, 21 мая 2024
01 марта 2023, 11:20
Хъæуккаг территориты комплексон рæзты программæйæн радих кодтой 1 миллиард æмæ 200 милуан сомæй фылдæр

Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан

Хъæуккаг территориты комплексон рæзты программæйæн радих кодтой 1 миллиард æмæ 200 милуан сомæй фылдæр. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан. Ацы аз реконструкци скæндзысты Веселæйы, Суададжы æмæ Толдзгуыны дондзæуæн хызтæ. Уымæй дарддæр сцалцæг кæндзысты Цыколайы сывæллæтты спортивон скъола. Ивгъуыд аз паддзахадон программæтæ царды уадзынæн радих кодтой 2 милуан сомæй фылдæр. Сæ иу хай – хъæууон хæдзарады рæзтæн, иннæ хай та – хъæуккаг территорты комплексон рæзтæн. Фосдарынады къабазы дæр хорз æнтыстдзинæдтæ. Фарон 8 æнæхъæны æмæ 3 дæсæм хай проценты сырæзт маргъ дарыны куыст. Стурвосы нымæц та фæфылдæр 600 сæры. Æхсыр уадзыны куыст фæфылдæр 38 мин тоннæйы онг. Субсидитæй та æххуыс цæуы фермерон хæдзарæдтæн. 2022-æм азы грантты æххуыс райстой 69 фермерон хæдзарады.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania