филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:10 понедельник, 06 мая 2024
17 декабря 2021, 11:02
Хъæууон хæдзарады министрады бахыгътой афæдзы куысты хатдзæгтæ

Зайæгойты æмæ фосдарынады къабазы бæрæггæнæнтæ ивгъуыд азæй сты зынгæ хуыздæр

Хъæууон хæдзарады министрады бахыгътой афæдзы куысты хатдзæгтæ. Кæронмæ фæцис æфснайæн кампани. Зайæгойты æмæ фосдарынады къабазы бæрæггæнæнтæ ивгъуыд азæй сты зынгæ хуыздæр. Рагагъоммæйы хатдзæгтæм гæсгæ, хор æмбырдгонд æрцыди 9 сæдæ тонны. Тыллæг зæрдæмæдзæугæ ис халсарты æмæ дыргъты дæр.  Фæлæ ацы хатт къаддæр у картофы бæрц. Фæфылдæр сты фосдарынады æмæ маргъдарæн куысты гæнæнтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фæстаг рæстæг, куыстуæтты разамонджытæн паддзахадон æххуысы бæрц дæр у ахадгæ дæр. ацы аз уыцы хъуыддæгтæн дихгонд æрцыди 815 милуаны, 79 хæдзарады та райстой гранттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania