филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:48 понедельник, 06 мая 2024
10 марта 2022, 13:14
Хъæууон хæдзарады рæзт уæлдай актуалондæр у санкциты рæстæг – специалисттæ

Импорт æххæстæй раивæн ис æрмæстдæр чысыл хæдзарæдтæ райрæзын кæнгæйæ

Хъæууон хæдзарады рæзт уæлдай актуалондæр у санкциты рæстæг, зæгъынц эксперттæ æмæ специалисттæ. Импорт æххæстæй раивæн ис æрмæстдæр чысыл хæдзарæдтæ райрæзын кæнгæйæ. Цæгат Ирыстоны уыцы рæстæгмæ фæзынди 293 ног хæдзарады, ацы аз ма сыл бафтдзæн ноджыдæр 70. Проект æххæст кæнынæн  2021-æм азы кæрон дихгонд æрцыди миллиард соммæ хæстæг, уымæй уæлдай ма, 500 милуан сомы амалхъом адæм райсдзысты 2022-æм азы. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

Фæсарæйнаг мыггаг стуртæ Нартыхъæумæ æрбаластой афæдзы райдиан. Ацы мыггаг равзæрд Швейцарийы, фæлæ ныр æнтыстджынæй парахатгонд цæуы Уæрæсейы дæр. Цæрæгойтæн нæ республикæйы климат баззы иттæг хорз, сæхи æнкъарынц дзæбæх. Уымæ гæсгæ равзарын куы хъуыди, уæд Гусаты Хъазыбег равзæрста ацы стурвосы мыггаг. Уæвгæ та йын ахæм фадат фæцис, хицауады сæрдар Дзанайты Барисмæ баххуыс кæныны курдиат куы барвыста, уый фæстæ.

Фермер балхæдта 22 стуры. Абон йæ фосыдзуг фæфылдæр. Фæзынд дзы 11 рæуæды. Амалхъом адæймаг фосдарынады архайы дзидзайы куыст кæныныл. Гусаты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæафæдз æмæ рдæджы фæстæ   нысан кæны йæ продукт бынæттон базарады парахат кæнын. Фидæны гæнæн ис æмæ райдайа æхсыры продуктты куыст кæнын дæр. Уымæн æмæ тирритори у уæрæх, куыстуат ис фæегъаудæр кæнæн.

Грантты фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, уымæ сæ цæст дарынц хъæууон хæдзарады министрады специалисттæ. Амалхъом адæмы цур вæййынц 5 азы æмгъуыды, документтæ æмбырд кæнынæй райдианæй фæстæмæ.

Профилон ведомствæйы куыд зæгъынц, афтæмæй хъæууон хæдзарады райрæзт уæлдай актуалондæр у санкциты рæстæг. Импорт æххæстæй раивæн ис æрмæстдæр чысыл хæдзарæдтæ райрæзын кæнгæйæ. Ууыл республикæйы активонæй архайынц 2018-æм азæй фæстæмæ. Цæгат Ирыстоны уыцы рæстæгмæ фæзынди 293 ног хæдзарады, ацы аз ма сыл бафтдзæн ноджыдæр 70. Проект æххæст кæнынæн  2021-æм азы кæрон дихгонд æрцыди миллиардмæ хæстæг, уымæй уæлдай ма, 5 сæдæ милуан сомы амалхъом адæм райсдзысты 2022-æм азы.

Грант райсыны фадат ис се ппæтæн дæр, æрмæст дæ кусын фæнда. Хъæууон хæдзарады министрады фадат ис цалдæр программæйæ равзарын. Документтæ бадæттыны рæстæг райдыдта. Бæлвырд информаци базонæн ис ведомствæйы сайты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania