Арæзт цæуы национ проект «Культурæ» æххæст кæнгæйæ
Уæвгæ, культурæйы рæзтæн хъуамæ уой æмбæлгæ уавæртæ. Йæ тæмæны бацыд Хæзныдоны культурæйы хæдзары бындурон цалцæг. Ацы бынатмæ зæрдиагæй тырны рæзгæ фæлтæр. Уымæ гæсгæ æнхъæлмæ кæсынц цалцæггæнæн куыстытæ фæуынмæ. Уыдон та арæзт цæуынц национ проект «Культурæ» æххæст кæнгæйæ. Хæзныдонмæ абалц кодта нæ уацхæссæг Бокоты Виктория, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.
Ботазты Фатимæ Хæзныдоны куьтурæйы хæдзары кусы фынддæс азы. Сывæллæтты ахуыр кæны хæрдгæбыд æмæ хуыйыны дæсныйадыл. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ къордæн хицæн агъуыст никуы уыдис.
Ныртæккæ культурæйы хæдзары рацарæзт ис йæ тæмæны. Къорд йæ куыст рахаста бынæттон скъоламæ. Ботазты Фатимæ æмæ йæ хъомылгæнинæгтæ сæ зæрдæ дарынц, рацарæзты фæстæ сын хицæн агъуыст кæй радих кæндзысты, ууыл. Уæдæ сæ нæ ферох уыдзысты хуыйæн машинкæтæ дæр. Спортивон залы уыцы иу рæстæг архайы кафджыты къорд дæр. Сывæллæттæ æнхъæлмæ кæсынц, сценæйыл акафыны рад сæм кæд æрхаудзæн, уымæ. Хæзныдоны клуб сарæзтой ивгъуыд азы æхсайæм азты. Уæдæй нырмæ йæм зылдысты меценатты æххуысæй. Æмæ æрмæстдæр 2020 азы кæрон нацпроект «Культурæйы» фæрцы хъæуккаг клубы куыстытæ базмæлыдысты.
Тагъд рæстæг йæ хуыз аивдзæн кæрт дæр. Фæлæ уæддæр сæйрагдæр ивддзинæдтæ мидæгæй сты. Культурæйы хæдзарæн ис стыр ахадындзинад хъæуы царды. Ам æрмæст хъомыладон куыст нæ цæуы, фæлæ ма дзы сæ уæгъд рæстæг æрвитынц бынæттон цæрджытæ.
Ног цалцæггонд культурæйы хæдзар йæ дуæрттæ байгом кæндзæн июны. Ацы аз национ проект «Культурæйы» фæрцы цалцæггæнæн куыстытæ ацæудзысты Ольгинскæйы, Суададжы, Сухотскийы æмæ Ставд-Дурты.




