филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:04 понедельник, 06 мая 2024
27 мая 2022, 11:27
Хъарм рæстæгимæ хъæууон хæдзарады кусджытæн райдыдта сасктимæ тох кæныны сезон

Къабазмæ цæстдарды управленийы минæвæрттæ ацы рæстæг зайæгойтыл бафидар кæнынц сæрмагонд къæппæгтæ

Хъарм рæстæгимæ хъæууон хæдзарады кусджытæн райдыдта сасктимæ тох кæныны сезон. Къабазмæ цæстдарды управленийы минæвæрттæ ацы рæстæг зайæгойтыл бафидар кæнынц сæрмагонд къæппæгтæ. Уыдоны фæрцы æрцахсынц, фермерты тыллæгæн зиан чи хæссы, ахæм саскты. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды управленийы кусджыты къухты къæппæгтæ – бафидар сæ кæнынц зайæгойтыл. Сæ нысан у, карантины объекттæ æрцахсын. Къæппæгтæ пырх сты ферромонтæй. Æрдзæн тæссаг не сты, фæлæ дæттынц, зиан чи хæссы, ахæм саскты æрцахсын. Ацы хъæрмуаты фæзуат у 7 гектары онг. Зайын дзы кæнынц уардитæ – 30 хуызæй фылдæр. Афæдзмæ ралыг кæнынц 200 мин къудзийы бæрц. Сæрмагонд къæппæгтæ ам фыццаг аз не *вæрынц.

Трипстæ сты милимметры æмбисы бæрц сасктæ, фæлæ фермертæн стыр зиан хæссынц. Сæ уарзон хойраг у декоративон зайæгойты сыфтæ, уарзынц джитъриты сыфтæ дæр. Ацы хъæрмуаты трипстæм æнхъæлмæ кæсынц къæппæгтæ.

Мæйы фæстæ специалисттæ сæмбырд кæндзысты къæппæгтæ. Кæй æрцахстой, уыцы саскты арвитдзысты хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды референсон центрмæ Кæсæг-Балхъары. Уым сбæлвырд кæндзысты, сасктæ зианхæссæг сты æви нæ, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania