филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:14 воскресенье, 19 мая 2024
30 марта 2023, 11:16
Ирыстоны бакуыстой гом арвы бын музейы проектыл

Фæрæзтæ кæй нæй, уымæ гæсгæ куыстытæ нама райдыдтой

Ирыстоны бакуыстой гом арвы бын музейы проектыл. Уыдзæни Лисрийы. Фæлæ фæрæзтæ кæй нæй, уымæ гæсгæ куыстытæ нама райдыдтой. Уæвгæ проектыл дзурын райдыдтой цалдæр азы размæ. Реставратортæ бацæттæ кодтой хъæугæ документаци. Проекты иумæйаг аргъ у 210 млн сомы. Сæдæ азы размæ дæр ма ацы бынæтты царди бирæ адæм. Афтæ, ивгъуыд æнусы 20-æм азты Лисрийы уыди 120 хæдзары. Фæлæ Транскамы арæзтады фæстæ бынæттон цæрджыты бахъуыди сæ зæххытæ ныууадзын. Ам ис Мадымайрæмы номыл æрдæгпырх аргъуан. Зындгонд этногрæфтæ ацы объекты тыххæй фыстой суанг 1869-æм азы дæр. Йæ фарсмæ та уыди дины скъола. Æрæджы аргъуан радтой сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны бæрны, æмæ йæ ныр бархионты руаджы архайынц сног кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania