филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 суббота, 18 мая 2024
17 февраля 2023, 11:13
«Иугонд Уæрæсе»-йы партион десант сбæлвырд кодта Алагиры районы культурон объекттæ

Депутаттæ ма сæ цæст дардтой, алцыдæр афоныл конд цæуы æви нæ, уымæ

«Иугонд Уæрæсе»-йы партион десант ма сбæлвырд кодта, Алагиры хæххон промышленносты историйы музейы бындурон цалцæг æмæ Црауы культурæйы хæдзары  куыстыты хæрзхъæддзинад дæр. Бирæ рæстæг объектты нæ уыд зæрдæмæдзæугæ уавæртæ. Ныр алцыдæр конд æрцæудзæн, цæмæй кусджытæ дæр, æмæ культурæйы артдзæстты уазджытæ дæр мацæмæй тыхсой. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хæххон промышленносты историйы музейы сæргълæууæг Баситы Жаннæйы йæ уарзон бæстыхай дисы фтауы. 19 азмæ дзы бындурон цалцæг иу хатт дæр нæ уыд. Кусджытæ музеймæ зылдысты сæхи хъарутæй. Бæрзонд уымæладæй æмæ хъуынайæ тыхстысты æрмæст кусæнуаты къорд æмæ уазджытæ нæ, фæлæ экспонаттæ дæр. Уыдон дарынæн хъæуы бæлвырд домæнтæ æххæст кæнын.

Баситы Жаннæ, Хæххон промышленносты историйы музейы сæргълæууæг: «Нæ музейы цар тагъдис. Кæм иу тагъд, уым-иу ведратæ сæвæрдтам, цæмæй экспонаттæ ма ныххуылыдз уой, уый тыххæй. Ахæм уавæрты куыстам. Нæ бон цы уыд, уый кодтам. Ныртæккæ диссаджы цалцæг кæнынц. Уырнгæ дæр мæ нæма кæны, ахæм хорз уавæртæ нын уыдзæн, уый. Экспонаттæн уыдзæн хъарм, ахæм фæтк сын уыдзæн, æмæ хус дæр нæ кæндзысты, хуылыдз дæр нæ кæндзысты. Æмæ уыдзæн хорз».

Цалцæггæнæн куыстыты хæрзхъæддзинадæн аргъ скодта «Иугонд Уæрæсе»-йы партион десант. Депутаттæ ма сæ цæст дардтой, алцыдæр афоныл конд цæуы æви нæ, уымæ. Пъланмæ гæсгæ, куыстытæ хъуамæ фæуой ацы азы кæронмæ, фæлæ аразджытæ фидарæй зæгъынц, нысангондæй рæвдздæр кусынц, гæнæн ис, æмæ объект маймæ сцæттæ уа. Ныртæккæ рахызтысты аивгæнæн куыстытæм. Сæвæрдтой ног рудзгуытæ, баивтой бæйтыхайы сæр, музейы æддаг бакастæн реставраци скодтой. Баивтой электротыхдæттæг æмæ хъармгæнæн системæтæ.

Мониторингы иннæ объект – Црауы культурæйы хæдзар. Бæстыхай кусы. Ам сног кодтой сценæ æмæ аивадуарзджыты зал, базылдысты библиотекæмæ. Баивтой рудзгуытæ, хъармгæнæн системæ æмæ коммуникацитæ.

Цæгæраты Руслан, РЦИ-А Парламенты депутат парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фракцийæ: «Федтам музейы арæзтад æмæ культурæйы хæдзар. Разы стæм дыууæйæ дæр. Нæ зæрдæмæ фæцыд, куыстытæ куыд цæуынц, стæй куыд сарæзтой. Фæлæ мæ зæгъын фæнды, Црауы цы быру ис, ууыл чысыл бакусын хъæуы, цæмæй алыварс уынгты цы фос ис, уыдон мидæмæ ма цæуой, æмæ дзы цы дидинджытæ ис, рæсугъддзинæдтæ, уыдон хъыгдард ма рцæуой, уый тыххæй ма йæм чысыл базилын хъæуы, бацалцæг кæнын. Стæй асинтыл, цæмæй адæм ма бырой, уыдæттæ конд нæма æрцыдысты. Уый дæр тагъд рæстæг конд куы æрцæуид, цæмæй мачи бахъыгдара йе нæниздзинад».

Мониторинг арæзт æрцыд адæмон программæ «Культура малой родины»-мæ гæсгæ. Йе ххæст кæнынмæ цæст дарынц парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania