филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:24 воскресенье, 19 мая 2024
07 июня 2023, 12:30
Кæронмæ фæхæццæ кæны республикон конкурс-фестиваль «Театралон уалдзæг»

Ацы аз фæфылдæр сты йæ номинацитæ

Ирыстоны культурон цаутæй иуы уæлахиздзаутæ та сбæрæг уыдзысты рæхджы. Кæронмæ фæхæццæ кæны республикон конкурс-фестиваль «Театралон уалдзæг». Ацы аз фæфылдæр сты йæ номинацитæ. Уый фæрцы дзы бацархайдта фылдæр адæм. Жюрийы уæнгтæ аргъ кæнынц районты театралон къордты архайдæн. Не сфæлдыстадон къорд семæ бакаст Дыгуры районы театр «Сатирикон»-ы æвæрд спектакльтæм.  Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Дыгуры районы цæрджытæ тынг зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц театр «Сатирикон»-ы спектакльтæм. Ацы хатт адæмы размæ рахастой Лазарты Сильвæйы уацмыс «Цы зæгъдзысты адæм». Хъазынц дзы куыд фæлтæрдджын сфæлдыстадон кусджытæ, афтæ фæсивæд дæр. Се хсæн скъоладзаутæ дæр.

Ацы спектакль хаст æрцыд республикон фестиваль – конкурс «Театралон уалдзæгмæ». Йæ домæнтæм гæсгæ  жюрийы уæнгтæ сæхæдæг фæцæуынц районты культурæйы хæдзæрттæм, æмæ бынаты аргъ скæнынц театралон къордты хъазтæн.

Дзæуджыхъæуккаг уазджыты размæ хаст æрцыд æрмæст спектакль «Цы зæгъдзысты адæм» нæ, фæлæ ма сывæллæтты спектакль «Дюймовочка». Уым та зындгонд аргъауы хъайтарты сурæттæ сæхиуыл сбарстой сывæллæттæ. Уыдоны хъазтæн фыццаг хатт нæ аргъ кæнынц жюрийы уæнгтæ.

Æнæмæнг, ахæм мадзæлтты фæрцы, сывæллæттæн фадат ис се сфæлдыстадон арæхстдзинад æргом кæнынæн. Стæй сæ рæстæг райдзастдæрæй æрвитынæн.

Дыгуры районы театралон студи «Сатирикон» цы рæстæг кусы, уæдæй бирæ, абоны цардæй ист, адæммæ хæстæг чи у  ахæм постановкæтæ æвæрд æрцыд Культурæйы галуаны сценæйы. Уыцы хъуыддаг цæмæй царды йæ бынат ара, уый тыххæй та сын фарсхæст дæтты Дыгуры районы культурæйы управленийы сæргълæууæг Бæгæмедты Наталья æмæ Культурæйы галауаны директор Габеты Фатимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania